Уыд РЦИ-Аланийы Хицауады радон æмбырд. Амыдта йæ республикæйы премьер-министр ДЗАНАЙТЫ Барис. Министртæ æрныхас кодтой кадрты фарста æмæ республикæйы дарддæры экономикон æмæ социалон райрæзты программæтыл.
Боны фæткы фыццаг уыд кадрты фарста. Хъаммæрзаты Зауыр ног æмгъуыдмæ нысангонд æрцыд РЦИ-Аланийы æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министры хæдивæгæй. Тъехты Алан нысангонд æрцыд Цæгат Ирыстоны арæзтад æмæ архитектурæйы министры хæдивæгæй. Цæгат Ирыстоны Тарифты регионалон службæйы разамонæджы хæдивæгæй та нысангонд æрцыд Алим Озермегов.
Уый тыххæй æмбырды фехъусын кодта республикæйы Сæргълæууæг æмæ Хицауады Администрацийы разамонæджы хæдивæг Бясты Игорь.
РЦИ-Аланийы финансты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Оксанæ Карова куыд фехъусын кодта, афтæмæй хъалонтæ æмæ æнæбюджетон æфтиæгты фæрцы 2026 азы республикон бюджетмæ цы æфтиæгтæ бафтдзæн, уыдоны бæрц уыдзæн 22 миллиард æмæ 772 милуан сомы бæрц. Уый, 2025 азимæ абаргæйæ, у 834 милуан сомы фылдæр. Æмбырды архайджытæ сæ хъуыдытæ загътой бюджеты æфтиæгтæ фылдæр кæнын æмæ социалон нысаниуæджы статьятæ хъомысджындæр кæныны фæдыл.
Дарддæр ма министрты кабинет сфидар кодта, Дзæуджыхъæуы культурон бынтæм чи хауы æмæ уæлдай тынгдæр хъахъхъæнын кæй хъæуы, уыцы объект-
ты номхыгъд. Ныхас цæуы ахæм объекттыл, куыд Суннитты мæзджыт, Дзæу-
джыхъæуы рагон фидары къулты кæлæддзæгтæ Байаты Гаппойы уынджы 9-æм хæдзары, Яшины номыл уынджы 13-æм хæдзар æмæ Титовы уынджы 2-æм хæдзар æмæ афтæ дарддæр.
Хицауады æмбырды ма сфидар кодтой, федералон нысаниуæг кæмæн ис, бахъахъхъæнын кæй хъæуы, ахæм культурон бынты иумæйаг фæзуат – Хетæгкаты Къостайы ингæн, регионалон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм культурон бынтæм чи хауы – Ирон аргъуан æмæ Хетæгкаты Къостайы номхæссæг скъола.
Уымæй дарддæр ма, Хицауады уæнгтæ сфидар кодтой регионалон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм культурон бынты объекттæ Алагиры æмæ Æрæфы районты.
Министртæ æрдзырдтой республикæйы царды æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр.
ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ














