Монополиты ныхмæ федералон службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй Уæрæсейы 33 аэропорты нуазыны дон у лæвар. Се ‘хсæн ис «Дзæуджыхъæу»-ы аэропорт дæр.
Терминалы фæзындзæн донгуырæн, нуазыны дон дзы уыдзæн лæвар райсæн. Уыцы лæггадæй уал пайда кæнынц Мæскуы æмæ Калининграды аэропортты. Ведомствæ куыд хъусын кæны, афтæмæй ма сыл рæхджы бафтдзæн æртындæс, уыдоны ‘хсæн – Астраханы, Тюмень æмæ Пермы аэропорттæ. Дон-
гуырæнтæ канд «сыгъдæг» тæлмы нæ сæвæрдзысты, фæлæ ма аэропорты иумæйаг рæтты, цæмæй бæлццæттæн фадат уа уыдонæй пайда кæнынæн.
Нæ уацхæссæг














