Мæскуыйы кусæг балцы уæвгæйæ, РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар ДЗАНАЙТЫ Барисæн фембæлд уыд Уæрæсейы культурæйы министры фыццаг хæдивæг Сергей ОБРЫВАЛИНИМÆ. Ныхасы архайджытæ æргом аздæхтой Цæгат Ирыстоны культурæйы къабазы абоны уавæр æмæ йæ дарддæры райрæзты фарстатæм.
Республикæйы премьер-министрæн йæ кусæг балцы сæйрагдæр нысан уыд, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло регионалон Хицауады уæнгтæн цы амынддзинæдтæ ратта, уыдоныл æрныхас кæнын хицаудзинады федералон оргæнты разамонджытимæ.
Фембæлды райдайæны Дзанайы-фырт куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй культурæйы къабазы дарддæры рæзтыл ахадгæ куыст цæуы. Уымæн ахъаз у,
республикæ нысанмæарæзт федералон программæтæ æмæ проектты зæрдиагæй кæй архайы, уый дæр. Хицауады Сæрдары ныхасмæ гæсгæ, ацы аз культурæйы райрæзтимæ баст мадзæлттæн нысангонд æрцыд 440 милуан сомæй фылдæр.
Уыцы фæрæзты фæрцы бирæ куыстытæ æххæстгонд æрцæудзæн. Зæгъæм, архайд цæуы Беслæны дунеон музейон-патриотон центры экспозицийы фыццаг хайыл. Уымæй уæлдай, æхца дихгонд æрцыд Алагиры библиотекæ æмæ Куырмыты республикон чиныгдоны бындурон цалцæгæн, Аивæдты лицейы бындурыл Креативон индустриты скъола байгом кæнынæн, регионы театртæ æмæ культурæйы хъæууон хæдзæрттæн æххуысы мадзæлттæн. Сæрмагонд пъланты бындурыл архайд цæуы республикæйы библиотекæтæн ног чингуытæ æлхæныныл, нысанмæарæзт программæ «Культурæйы хъæууон кусæг» æмæ æндæр проектты уагæвæрдтæ æххæст кæныныл. Иу ныхасæй, къабазы нывылад æмæ дарддæры райрæзтæн ахъаз у æппæтвæрсыг паддзахадон æххуыс.
– Культурæйы къабазы дарддæры рæзт нæхицæн нымайæм ахсджиагдæр нысантæй иуыл. Хæстæгдæр рæстæджы архайды пъланты сæ бынат ссардтой театртæ æмæ культурæйы иннæ объектты техникон ифтонгдзинады, сывæллæтты аивадон скъолаты рацарæзт æмæ æндæр ахæм фарстатæ. Уыимæ, бацæттæ кодтам культурæйы хæдзæрттæ æмæ æндæр ахæм объектты арæзтад æмæ бындурон цалцæджы про-
екттæ дæр. Уыцы хъуыддаджы, кæй зæгъын æй хъæуы, махæн æнæмæнгхъæугæ уыдзæн Культурæйы федералон министрады æххуыс. Профилон республикон министрад æппæт хъæугæ проектон-хæрдзты гæххæттытæ дæр афойнадыл бацæттæ кодта, – загъта Дзанайты Барис.
Рæгъмæ цы фарстатæ рахастæуыд, уыдоныл дарддæр иумæйаг куыст цæудзæн.
Фембæлды архайдта Цæгат Ирыстоны культурæйы министр Гуыдиаты Батрадз дæр.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ














