Цæмæй фæндаггон фыдбылызтæй хызт уæм…

0
108

«Нозтджынæй транспорт скъæрыны цау нымад у, уæззау фæстиуджытæ чи расайы, ахæм гуымиры барадхæлдыл», – знон Фæндæгтыл æдасæй цæуыны паддзахадон инспекцийы цæгатирыстойнаг управленийы разамонæг, пъæлицæйы булкъон Александр Шалагин фембæлд дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттимæ æмæ
дзуаппытæ ратта сæ фарстытæн.

Фыццаг уал булкъон фæбæрæг кодта, ведомствæмæ цы хæстæ хауы, уыдон куыд æххæст кæнынц, уый, стæй бæлвырд æрлæууыд афæдзы райдианæй фараст мæймæ республикæйы фæндæгтыл транспортон фыдбылызтимæ уавæрыл.

Куыд загъта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны фæндæгтыл январæй сентябрмæ æрцыд 525 фыдбылызы, хъыгагæн, фæмард дзы сты 55 адæймаджы, 831 та фæцæфтæ сты. Уыдонæн сæ æртыккаг хай æрцыд, комкоммæ цæуæг фарсмæ кæй рахызтысты, уый аххосæй. Ахæм фыдбылызтæ фылдæр æрцыд Алагиры æмæ Мæздæ-
джы районты.

Алы æртыккаг фæндаггон фыдбылыз дæр æрцыд, шофыртæ æгæр тагъд кæй скъæрынц сæ хæдтулгæтæ, уый тыххæй. Уый аххосæй фæмард 18 адæймаджы, 192 фæцæф сты. Бæрæггæнæнтæм гæсгæ, цас æмбæлы, уымæй дзæвгар тагъддæр арæхдæр скъæрынц Æрыдоны æмæ Дыгуры районты фæндæгтыл.

Хæдтулгæ нозтджынæй скъæрынимæ баст барадхæлдтытæн кæрон скæнынæн æмæ дзы адæмы бахизынæн арæзт цæуынц профилактикон мадзæлттæ. Уавæр хуыздæр нæ кæны, æрцыд 24 фыдбылызы, ис дзы мæрдтæ æмæ цæфтæ дæр. Фыдбылызтæн сæ фылдæр æрцыд Горæтгæрон районы фæндæгтыл.

Паддзахадон инспекцийы хицау фæнысан кодта, сывæллон-бæлццæтты ласгæйæ, æнæмæнг кæй хъæуы сæрмагонд къæлæтджын бадæнтæй пайда кæнын, афтæ куы нæ уа, уæд шофыртæй бæрнондзинад бадомдзысты.

– Адæймаджы цардæн аргъ нæй, уый уæ рох ма уæд! Æппæт хæдтулгæскъæрджытæн дæр фæдзæхсæм – фæндæгтыл цæуыны æгъдæуттæ биноныг æххæст кæнут. Ныййарджытæ сæ цотæн хъуамæ дзурой, фæндæгтыл цæуыны æгъдæуттæ æххæстгæнинаг кæй сты, хистæрты хæс та æдасдзинадæн фадæттæ аразын кæй у, уыдæттæ, – загъта Александр Шалагин.

Сывæллæттæ хъыгдард баййæфтой 108 фæндаггон фыдбылызы. Дæнцæгæн æрхаста ахæм цау. Рахизфарсы районы ныййарджытæ се ‘нахъом сывæллоны хæдтулгæйы рулыл бабадын кодтой. Автоинспекторимæ быцæу ныхас кæнгæйæ, фыд йæ рæдыдыл нæ басаст, уым цы ис диссагæй, зæгъгæ, лæппу нæу, уадз æмæ ахуыр кæна.

Афæдзы райдайæнæй фæндаггон-транспортон цаутæ æмæ бæллæхтæ кæй аххосæй æрцыд, уыдон нырæй фæстæмæ æрмæст иваргонд нæ цæудзысты, фæлæ ма афойнадыл къазнамæ сæ ивар куы нæ бахæссой, уæд æнæ лицензийæ баззайдзысты.

Журналисттимæ ныхас кæнгæйæ, пъæлицæйы булкъон фехъусын кодта, республикæмæ кæй ссыд, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм фараст цæстдарæн системæйы. Уыдон, хæдтулгæты цыд нæ бауромгæйæ, уындзысты, регистраци кæмæ нæй, уыдоны, барадхалджыты, фæсарæйнаг номыртимæ хæдтулгæтæ æмæ æндæрты. Ныридæгæн кусынц Дзæуджыхъæу æмæ республикæйы районты фæндæгтыл.

Æнæбафиппайгæ нæй, горæты уынгты уæзласæн транзитон транспорты нымæц бирæ къаддæр кæй фæци, уый дæр. Электронон рады системæ ног хуызы кусын райдыдта, хæдтулгæтæ сæ радмæ æнхъæлмæ кæсынц сæрмагонд стыр æрлæууæнты.

– Иугæр фыдбылыз æрцыд, уæд махæн нæ хæс у фехъусын кæнын, æрмæст цы цау æрцыд, уый тыххæй нæ, фæлæ йæ аххосæгты тыххæй дæр, цæмæй дарддæр хызт уæм ахæм фыдбылызтæй, – загъта Александр Шалагин æмæ уацхæсджыты фарстытæн ратта бæстон дзуаппытæ.

Гугкаты Жаннæ,
къам систа Татьянæ Шеходанова

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here