Адæмы цард фæхуыздæр кæныны æмархайды бæрæггæнæнтæ

0
64

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар ДЗАНАЙТЫ Барис æмæ Фæзуæтты рæзты фонды генералон директор Василий КУПЫЗИНÆН кусæг фембæлд уыд Мæскуыйы. Æркастысты, компанийы авналæнтæй нæ республикæйы куыд спайда кæнæн ис, уымæ.

Архайдтой ма дзы Цæгат Ирыстоны цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министр Хъараты Тимур, Фæзуæтты рæзты фонды генералон директоры хæдивæг Владимир Тарасов, уыцы фонды регионалон проекттæ æххæст кæныны директор Андрей Шелковый æмæ фонды дæлхайад «Инфраструктурные проекты»-йы директор Анвар Шамилов.

Ныхас кодтой цæрджыты кæлæддзаг хæдзæрттæй ног фатертæм раивыныл. 2017 азы кæлæддзаг хæдзæрттæй ног фатертæм раивыны программæмæ гæсгæ, республикæ æппæт мадзæлттæ дæр сæххæст кодта суанг 2023 азмæ. Программæйы ног къæпхæны фæлгæты, 2017 азæй 2022 азмæ республикæйы кæлæддзагыл цы хæдзæрттæ банымадтой, уыдонмæ гæсгæ регионы сарæзтой профилон республикон программæ 2025-2030 азтæн. Уый фадат ратдзæн дарддæр ацы фарста алыг кæнынæн. Фонд зæрдæ бавæрдта, федералон бюджетæй ацы мадзæлттæн 120 милуан сомæй фылдæр кæй радих кæндзысты, уымæй. Уымæй уæлдай ма Фæзуæтты рæзты фонды программæты фæлгæты æрдзырдтой коммуналон инфраструктурæйы объектты арæзтад æмæ рацарæзтыл. Фонды фæрцы финансон æххуыс райстой, нæ республикæйы районты – Алагиры, Æрæфы æмæ Мæздæджы цы проекттæ æххæстгонд æрцыд, уыдон. Афтæ ма Алагиры кæронмæ фæхæццæ кæны хъармгæнæн системæйы рацарæзты проект.

– Фæзуæтты рæзты фонды архайд регионтæн абон инфраструктурæйы рæзтæн бирæ фадæттæ дæтты. Цæгат Ирыстонæн уый у ахсджиаг, уымæн æмæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло стыр æргом здахы уыцы хъуыддагмæ. Профилон программæты æмæ фонды кусджытимæ æмархайд махæн фадат дæтты цæхгæр фæ-
хуыздæр кæнын цæрджыты царды уавæртæ, нырыккон объекттæ æмæ коммуналон комплекс ногдæр кæнгæйæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, дарддæр дæр архайдзыстæм фонды мадзæлттæй спайда кæныныл, – фæбæрæг кодта Дзанайты Барис.

Республикæйы парахатæй пайда кæнынц инфраструктурон кредиты механизмтæй.2022 азæй 2025 азмæ нæ республикæ финансон æххуыс райста егъау проекты арæзтадæн цæрæнуатон арæзтады къабазæн, туристон комплекс, коммуналон хæдзарад æмæ æхсæнадон транспорт сног кæныны хъуыддагæн.

– Цæгат Ирыстоны Фонды архайдæй зæрдиаг куыст цæуы регионалон рæзтыл алыхуызон программæтæ æмæ проектты фæлгæты. Уыимæ, рагагъоммæ æххæстгонд æрцыд, 2017 азы кæлæддзагыл цы хæдзæрттæ нымад æрцыдысты, уыдоны цæрджыты ног фатертæм раивыны программæ. Уымæ гæсгæ кæлæддзаг 20,56 мин квадратон метрæй ног фатертæм раивтой æдæппæтæй 1,2 мин адæймаджы.

Ноджы ма нæ куысты ахсджиагдæр фарстатæй иу у коммуналон инфраструктурæйы рацарæзт. Федералон бюджеты æххуысы фæрцы регионы кæронмæ фæхæццæ ног донуадзæны арæзтад æмæ доны хæтæлты 156 километры рацарæзт Алагиры æмæ Алагиры районы. Нæ къухы бафтыд хорз бæрæггæнæнтæ. Ноджы ма сбæрæг кодтам, цæрджыты цард фæхуыздæр кæнынæн дарддæр цæуыл кусдзыстæм, уыцы фарс-
татæ, – фæбæрæг кодта Василий Купызин.

 

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг
æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here