Республикæйы Транспорты комитеты сарæзтыл хæрзчысыл рацыд. Йæ сæрдар Захъаты Алан уыцы рæстæгмæ йæ куысты хъуагдзинæдтæ иуварс кæныныл кабинетæй нæ архайы, бæлццæттæ сæхæдæг æвдисæн, цал хатты йыл сæмбæлдысты транспорты цæугæйæ. Æрыгон разамонæг тырны уавæр йæхи цæстæй фенынмæ, хатдзæгтæ скæнынмæ æмæ уый фæрцы транспорты хызы куыстмæ хуыздæрæрдæм ивддзинæдтæ хæссы. Боны дæргъы баст у бæлццæттæ ласæг куыстуæтты разамонджытимæ.
Сæ иу – акционерон æхсæнад «ВладАвтоТранс», йæ генералон директор – Зембатты Валентин, цыппæрæм аз разамынд дæтты республикæйы егъаудæр автотранспортон хæдзарадæн. Ивд æрцыд куыстуаты исбонады хуыз, фæлæ уымæй йæ хæстæ къаддæр нæ фесты. 1, 10, 51, 52, 12-æм Заводы æмæ Хуссайраг поселоктæ, 14-æм маршрут – Уæллаг Редант, 60, 61 – Бæлта æмæ Ларс, 20-æм маршрут – Попов хутор.
– Се ‘ппæт дæр сты, социалон ахадындзинад кæмæн ис, ахæм маршруттæ. 1-æм æмæ 10-æй фæстæмæ иннæтæ сты, лæвар билеттæм гæсгæ чи лæггад кæны бæлццæттæн, ахæм ног коммерцион маршруттæ, – зæгъы Валентин.
Сæ кусджыты нымæцыл бафтыд, республикæйы Сæргълæууæг æмæ Дзæу-
джыхъæуы мэрийы хъæппæрисæй райстой 60 ног хæрзвадат автобусы: 28 – лизингæй, иннæтæ та федералон программæйы фæлгæты. Шофыртæ, фæндзайæ уæлæмæ кæуыл цæуы, уыдон кусынц автобустыл, æрæджы конкурсы рамбылдтой дыууæ маршруты, дæсæм æмæ фыццæгæм. Чи дзы куыс-
та, уыдон сбадын кодтой ног автобустыл. Уый уыд республикæйы Сæргълæу-
уæджы уынаффæ, кæд рамбылдтат, уæд кусынмæ райсут, чи дзы куыста, уыцы шофырты дæр, цæмæй æгуыстæй ма баззайой. Афтæмæй, транспортон куыстуатмæ ‘рбацыд ног фæлтæр. Алы автобусы дæр ис валидатор, цæстдарæн камерæ, кондиционертæ. Зæронд хæлæддзаг маршруткæты бæсты хæрзвадат автобустæ кæй цæуынц маршруттыл, уый адæмы зæрдæмæ цæуы, æмæ сыл Транспорты комитеты сæрдаримæ фембæлгæйæ цы хъæстытæ æмæ арфæтæ фæзæгъынц, уыдонимæ вæййы курдиат дæр, раздæрау Дзæуджыхъæуы уынгтæм ног автобустæ рауадзын. Иуæй дзы, бынат фылдæр ис, иннæмæй – хæрзвадат сты. Дыууадæс автобусы ис, инвалиды уæрдонæй чи пайда кæны, уыдонæн схизын æмæ æрхизыны уавæртæ æмæ бадæн бынæттæ, стæй сывæллоны уæрдонимæ мадæлтæн. Стæмтæ дзы пайда кæнынц, фæлæ куы хъæуа, уæд уыцы автобустæ дæр цæудзысты фæндæгтыл.
Рæстæмбис мызд куыстуаты у æртын мин сомæй уæлæмæ. Базарадон ахаст-
дзинæдты йæ бæрц алкæмæн æмхуызон скæнын, уый аразгæ у, куыд æмæ цас хорз æххæст кæны кусæг йæ хæстæ. Куы нæ сæ æххæст кæна нывыл, уæд æхца, хорз чи кусы, уыйбæрц нæ райсдзæн. Бæлццон æрлæууæн бынаты къæвда æмæ хуры сахатгай куы æнхъæлмæ кæса, шофыр та йæ маршрутæй куы аиуварс кæна, уымæн нæй быхсæн.
– Карз вæййы ахæм кусджытимæ ныхас, разамонæг хъуамæ йæ кусæджы сæрыл хæца, æрмæст уæд, æмæ шофыр раст куы уа. Йæ бон у маршрутæй ахизын, кæнæ та, бæлццонмæ нæ бауромын. Уæд йемæ карзæй фæныхас кæнæм. Цæуы цæстдард навигаторæй, фæлæ бастдзинад нырыккон сæвзæрд уавæрты зæрдæйы фæндиаг нæ кусы, системæйы куысты арæх æрцæуы къуылымпыдзинæдтæ,– йæ ныхас дарддæр хæццæ кæны Валентин.
Йæ хъуыдымæ гæсгæ, æппæт транспорты куыст дæр хъуамæ модернизацигонд æрцæуа, алкæмæ дæр хъуамæ уа маршруты картæ, хыз хъæуы рацаразын. Цæмæй æрыгæттæ кусынмæ цæуой бæлццæттæ ласæг куыстуæттæм, уый тыххæй Уæрæсейы бинонты æмæ куыстмæ исыны фæдыл закъæттæм бахæссын хъæуы ивддзинæдтæ.
– Алы рæтты дæттæм хъусынгæнинæгтæ, рацæут нæм кусынмæ, зæгъгæ, фæлæ сæ официалон æгъдауæй куыстмæ райсой, ууыл разы не сты. Цæуылнæ? Уымæн, æмæ мах мызд цы фæндзай мин сомы фидæм, уый исынц Куысты бынæттæ дæттыны центры компенсациты хуызы. Исынц сывæллæтты пособитæ, официалон
куыстмæ йæ куы райсой, уæд ын сæ нал фиддзысты. Иумæйагæй 50 мин сомы куы иса, уæд æй кусыны сæр дæр нал хъæуы. Уыдонмæ хауынц, кредиттæ бирæ чи райста, уыдон дæр. Официалон мызд куы исай, уæд дзы кредитæн уромдзысты, æнæуи та сæ банымайæн ис банкротыл. Паддзахад уавæртæ сарæзта æгуыстæй цæрынæн, дзуапп никæй раз дæттынæн. Мах та домæм куысты уагæвæрд æххæст кæнын, – зæгъы генералон директор.
Алы рæстæгæн дæр ис йæхи домæнтæ. Бæлццæттæн нывыл лæггад кæнынмæ здæхт у акционерон æхсæнады æргом: сыгъдæг æмæ фадатджын автобустæ, хæларзæрдæ æмæ мидбылхудтимæ шофыртæ, хорз мызд æмæ куысты уавæртæ. Бæрæгбоны та
куысты раззагдæрты нæмттæ ссардзыстæм нæ газеты.
– Ис нæм, бирæ азты æнæзæрдæхудт фæллой чи кæны, ахæм шофыртæ. Бедойты Николай – сыгъзæрин адæймаг, сывæллæттæ йæ бирæ уарзынц. Хъæлдзæг, æдзух мидбылты худы, зæрдæхæлар хистæр. Скъолайы директортæ нæм куы æрбадзурынц, уæд нæ, Николайы ма нæм рарвитут, зæгъгæ, фæкурынц. Цобпойты Тамерлан, фæллад цы у, уый нæ зоны. Кæдфæнды дæр æм бадзур – цæттæ у цыфæнды хъуыддаг сæххæст кæнынмæ. Тарханаты Игорь, Дзарасаты
Хадзы-Муссæ, Дамбегты Артур, Саламты Сергей, Торчынты Славик, Челдыты Таймураз, Дзугурты Валери, Пхæллаты Æхсар. Дис сыл фæкæнынц иууылдæр сæ адæймагдзинад æмæ дæсныдзинадыл, – сæрыстырæй зæгъы йæ кусджытæй ра-
замонæг æмæ профессион бæрæгбоны фæдыл арфæтæ хæццæ кæны, ветерантæ æмæ абон бæлццæттæн чи лæггад кæны, уыцы куыстуæттæ: автоколоннæ 1210, таксопарк, фирмæтæ «Скат» æмæ «Фаэтон»– ы адæмы хорзæхæн чи кусы, уыдонæн. Уадз, æмæ уæм арæхдæр дзурой бузныджы ныхæстимæ!
ХУЫБИАТЫ Ларисæ, авторы ист къам














