Кæронмæ æрхæццæ сты, Дзæуджыхъæуы Хъесайы-фырты уынджы цы фæлладуадзæн тæлм ис, уымæн йæ уæлбыл рацарæзты куыстытæ. Аразджытæ базылдысты М. Калинины æмæ З. Космодемьянскаяйы уынгты астæу цы уаццаг ис, уымæ.
Ног цалцæггонд участокæн йæ фæзуат у 1,6 мин квадратон метры бæрц. Аразджытæ аив къæйдурæй æрæмбæрзтой къахвæндæгтæ, раивтой бордюртæ, сæвæрдтой ног бандæттæ, бырæттææмбырдгæнæн къоппытæ æмæ уынджы цырæгъты телыхъæдтæ… Уыимæ, ног уаццаг рацарæзтой, уымæй размæ цалцæггонд участокимæ иухуызон дизайны бындурыл.
Æххæстгонд куыстытæн фадат фæзынд национ проект «Инфраструктурæ цардæн»-ы уагæвæрды фæрцы.
Горæты администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй Дзæуджыхъæуы сæйрагдæр фæлладуадзæн тæлмыты бындурон цалцæгыл къæпхæнгай архайд цæудзæн.
«Не ’ппæт дæр æвдисæн стæм, Терчы былгæрæтты фæлгонцад хуыздæрæрдæм куыд ивы, уымæн. Горæты цæрджытæ æмæ уазджыты фæлладуагъдæн дзы арæзт цæуынц зæрдæзæгъгæ фадæттæ», – бафиппайдта Милдзыхы-фырт.
Горæты разамонæджы ныхасмæ гæсгæ, ацы азы кæронмæ хъуамæ кæронмæ ахæццæ уа 18 æхсæнадон фæлладуадзæн тæлмы рацарæзт. Уыцы куыстытæн ахъаз сты, куыд федералон проекттæ, афтæ муниципалон прог-
раммæтæ дæр.
КАЛМАНТЫ Аслан














