Пульмонологон центры бындурон цалцæгæн

0
124

Пульмонологон æххуысы республикон центры (æрбынæттон Алагиры районы Фыййагдоны) бындурон рацарæзтæн дихгонд æрцæудзæн 2 миллиард сомы бæрц.

Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады пресс-службæ.

Министрады минæвары ныхасмæ гæсгæ, центр ныронг йæ куыст кодта 1961 азы арæзт агъуысты. Уыимæ, медицинон кусæндоны бæстыхай ис цауд техникон уавæры, дзуапп нал дæтты нырыккон санитарон-эпидемиологон домæнтæн. Æппæт уыцы æууæлтæ хынцгæйæ, хаст æрцыд уынаффæ центры рацарæзты тыххæй.

«Центры агъуысты сæр ивинаг у, санитарон-техникон ифтонггæрзтæ базæронд сты, йæ инженерон хæтæлтæ дæр баихсыдысты… Ахæм уавæрты æппæты растдæр уыдзæн центрæн ног бæстыхай саразын. Уыимæ бастæй, зæгъын хъæуы, пульмонологон центр республикон исбонады кусæндон кæй у, уый. Йæ ног агъуысты арæзтад куы ахицæн уа, уæд дзы дарддæр лæвар медицинон лæггæдтæ кæндзысты æххуысхъуаг адæмæн. Адæмы ’хсæн цы ныхас ахæлиу, ома, медицинон кусæндон æмæ йæ зæххы хай уæйгонд æрцыдысты, уый мæнг у», – бафиппайдтой Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады.

Нысангонд куыстытæм бавналдзысты, Арæзтад æмæ архитектурæйы министрад æппæт æмбæлгæ конкурсон мадзæлттæ куы сæххæст кæна æмæ подрядчикы куы равзара, уæд. Уыимæ, рацарæзты куыстыты рæстæгмæ центры пациентты аивдзысты æндæр медицинон кусæндæттæм.

Дмитрий АСТАХОВ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here