Парк «Нæртон»-мæ базилдзысты

0
117

Дзæуджыхъæуы хуссаргæрон æрбынæттон уæвæг парк «Нæртон»-ы сцалцæг кæндзысты Нарты кадджыты хъайтарты скульптурæтæ. Уый тыххæй фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны сæйраг горæты администрацийы пресс-службæ.

Зындгонд куыд у, афтæмæй æрæджы Хицауады æрвылкъуырион æмбырды РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло парчы скульптурæты уавæрмæ аздæхта Дзæуджыхъæуы администрацийы разамынды æргом. Муниципалитеты бæрнон кусджытæн амынд æрцыд, цæмæй банывыл кæной скульптурон композициты бындуртæ (цы къæйдуртæй фæлгонцгонд сты, уыдонæн сæ иу хай æрызгъæлд).

 

Æмæ ныр администрацийы структурон дæлхайæдты специалисттæ æркастысты скульптурæты уавæрмæ. Горæты фæлгонцад æмæ цъæхвæлысты управленийы хицауы хæдивæг Хъороты Давид куыд радзырдта, афтæмæй æппæт бæрæггонд хъæндзинæдтæ дæр хыгъд æрцыдысты. Хъоройы-фырты ныхасмæ гæсгæ, цалцæггæнджытæ ныридæгæн ивын райдыдтой базальт æмæ доломитæй арæзт къæйдуртæ.

Зындгонд куыд у, афтæмæй парк «Нæртон»-æн бындур æвæрд æрцыд 2014 азы. Уæд уым æвæрд æрцыдысты зындгонд скульптор Ходы Никъалайы арæзт Нарты кадджыты хъайтарты фæлгонцтæ.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here