«Стыр этнографион диктант»

0
41

Уæрæсейы Президент Владимир Путины уынаффæйæ Нациты хъуыд-
дæгты фæдыл федералон агентадæн амынд æрцыд, цæмæй бакуса дунеон фестиваль «Уæрæсе æмæ Хæдбар Паддзахæдты Æмхæларады бæстæты адæмтæ» саразыныл. Уыцы фестивалы фæлгæты æмæ Адæмты иудзинады бонимæ бастæй радон (ныр дæсæм) хатт арæзт цæуы дзыллон рухстауæн акци «Стыр этнографион диктант».

Фестивалы сæйрагдæр нысантæ сты Уæрæсейы адæмты граждайнаг иудзинад фидардæр кæнын,бæстæйы адæмты удварнон хæзнатæ хъахъхъæнын, историон рæстдзинад зыгъуыммæ кæныны фæлтæрæнты ныхмæ арха-
йын…

Этнографион диктант йæ архайджытæй алкæмæндæр дæтты, не Стыр Фыдыбæстæйы адæмты истори, культурæ æмæ æгъдæуттæ цас бæстон зонæм, уый сбæлвырд кæныны радон фадат.

Æрвылаз дæр этнографион диктант æрбангом кæны алы адæмты, алыхуызон дæсныйæдтæ æмæ æппæт кары минæвæртты. Уыимæ, акцийы архайæг свæййынц, куыд Уæрæсейы, афтæ бирæ фæсарæйнаг бæстæты минæвæрттæ дæр.

Æмæ сæ нымæц азæй-азмæ фылдæр кæны. Зæгъæм, 2024 азы йæ архайджыты нымæц 3,5 милуан адæймагæй фæфылдæр.

Ацы аз акци æххæстгонд цæуы 1 ноябрæй 8 ноябрмæ. Ныффыссæн æй ис, ахæм сайт байгом кæнгæйæ: https\\miretno.ru.

Этнографион диктанты бæрæггæнæнтæ хыгъд æрцæудзысты 2025 азы 12 декабры – Уæрæсейы Федерацийы Конституцийы бонмæ.

Нæ уацхæссæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here