Дарддæр та кæдæм?

0
51

Уæрæсейы дыккаг къорды футболон чемпионаты дæлкъорд «Сыгъзæрин»-ы хъазæг командæтæ ивгъуыд къуырийы акодтой 16-æм туры хъæзтытæ.

Дзæуджыхъæуы «Алани» 2 ноябры Грознайы Султан Билимхановы номыл стадионы фембæлд Пятигорскы командæ «Машук-КМВ»-имæ.

«Алани»-йы турнирон уавæр домдта, чемпионаты кæронмæ ма цы ‘ртæ фембæлды баззад, уыдоны уæлахиз фæуын. Æрмæстдæр ахæм фæстиуæг лæвæрдта ныфс дæлкъорд «Сыгъзæрин»-ы баззайынæн.

Уыцы зондæй хъазæн фæзмæ рацыдысты «Алани»-йы хъазджытæ: №1 – Биазырты Давид, №5 – Багаты Алан, №99 – Махач Абдулхамидов (55’ – Гогниты Руслан), №8 – Хуыгаты Алан (76’ – Кодзырты Артур), №58 – Мурат Ышык, №14 – Анзор Амиралиев (73’ – Чертхъоты Дато), №57 – Тепсыхъоты Давид (55’ – Гаглойты Тарас), №76 – Кæр-
куысты Георги (55’ – Артем Закиров), №75 – Огъуаты Сæрмæт, №11 – Биазырты Артур.

«Машук-КМВ» тырныдта 1-аг бынатмæ рацæуынмæ æмæ, кæд уазæгуаты хъазыд, уæддæр сæ архайд уыд æрмæстдæр уæлахизыл. Хъазты фыццаг æмбисы пурти фылдæр рæстæг уыд пятигорскаг футболисттæм. Уыдонæн бантыст «Алани»-йы дуармæ хæстæг дыууæ тæссаг уавæры саразын, æмæ сын дыккаг 45’ минутыл фæрæстмæ. Сæ размæбырсæг Магомед Абакаров йæ уавæрæй иттæг хорз спайда кодта, æмæ йæ цæфы фæстæ пурти «Алани»-йы дуары батахт. «Машук-КМВ»-йы размæ рацыд 1:0-æй.

Дыккаг таймы алайнæгтæ бæргæ архайдтой хъазты хыгъд сæхи пайдайæн раивыныл, фæлæ сын уый кæронмæ дæр нал бантыст. Хъазт ахицæн 1:0 хыгъдæй «Машук-КМВ»-йы пайдайæн, æмæ ныр Пятигорскы командæ 16-æм туры фæстæ цæуы 1-аг бынаты.

«Алани» ацы фæхæрды фæстæ баззад 9-æм бынаты, æмæ йын «Сыгъзæрин» къорды баззайынæн фадат нал ис.

Нæ командæ ахæм уæззау уавæры кæй бахауд, уый аххосæгтæ иу æмæ дыууæ не сты. Уыдон аиуварс кæнынæн бахъæудзæн æргом æмæ лæмбынæг куыст бакæнын.
Дзуапп раттын хъæуы: «Куыд æмæ цæй аххосæй ахæлиу сты нæ футболисттæ Уæрæсейы алы рæттæм? Цæмæн ныддæргъвæтин ис нæ стадионы арæзтад?» æмæ æндæр фæрстытæн.

Æнæмæнг нæм ис курдиатджын æрыгон футболисттæ æмæ, уыдон  дæр цæмæй нæхимæ  баззайой, уый тыххæй сын чи æмæ цавæр уавæртæ
хъуамæ саразой, уый у хъуыдыйаг фарста.

Нæ футболистты иузæрдион фарсхæцджыты фæнды зонын, сæ уарзон командæмæ цавæр цæстдард уыдзæн, уый.

«Алани» йæ иннæ радон фембæлд акæндзæн 9 ноябры уазæгуаты Ивановойы «Текстильщик»-имæ.

Баскаты Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here