Хорз рауад Сæрмæты архайд

0
72

Ивгъуыд къуыри Албанийы цыдысты уæззау атлетикæйæ Европæйы фыццаг бынат бацахсыныл ерыстæ фæсивæды ’хсæн. Сæ кармæ гæсгæ фæсивæд дихгонд уыдысты дыууæ къордыл: 18-20 æмæ 21-23-аздзыдтыл.

Ерыстæ цыдысты лæппутæ æмæ чызджыты ’хсæн. Чызджыты ерысты призон бынат бацахсынмæ тынг хæстæг уыд Уæрæсейы сгуыхт тренер Золойты Хъазыбеджы хъомылгæнинаг Теблойты Данæ. 86 кг онг уæзы 19-аздзыд Данæ ерысты фыццаг хуызæй уыциу ист скодта 107 кг æмæ цыди 2-аг бынаты. Хъыгагæн, дыккаг хуызы чысыл фæкъуылымпы, æмæ йын йæ риуæй 117 килограммæй фылдæр сысхойын нал бантыст. Афтæмæй, дыууæ хуызы 224 кг (107+117) равдисгæйæ, бацахста 4-æм бынат.

Нæлгоймæгты ерысты хорз рауад Золойты Хъазыбеджы иннæ хъомылгæнинаг Теблойты Сæрмæты архайд. Сæрмæт, 110 кг онг уæзы ерысгæнгæйæ, дыууæ хуызы равдыста 388 кг (178+210) æмæ 23-аздзыд атлетты ерысы бацахста 3-аг бынат. Йæ уæзы 1-аг бынат бацахста сомихаг спортсмен Гарик Карапетян – 397 кг (182+215), 2-аг ссис Белоруссийы минæвар Сергей Шарапков 393 кг (180+213).

Золойты Хъазыбег Теблойты Сæрмæты 3-аг бынат банымадта хорз æнтыстдзинадыл: «Сæрмæт ацы уæзмæ рацыд хæрзæрæджы. Амæй размæ Уæрæсейы бацахста 1-аг бынат 102 кг онг уæзы. Цæуы йыл 22-æм аз, æмæ ма ацы фæсивæдон кары уыдзæн иннæ аз дæр. Куыд зæрдиагæй кусы, уымæ гæсгæ нæ уырны, йæ стырдæр уæлахизтæ нырма разæй кæй сты, уый. Нæ зæрдæ дарæм, абон Уæрæсейы спортсменты размæ цæлхдуртæ чи æвæры, уыцы мæнгард спортивон ра-
замонджыты рæстуд адæймæгтæ кæй раивдзысты».

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here