Чингуыты хæрзаудæн армукъа «Букинист» цæудзæн Цæгат Ирыс-
тоны гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институты 4-30 ноябр-
мæ. Кæй бафæнда армукъайы архайын, уыдонæн фадат уыдзæн фæсарæйнаг, уырыссаг æмæ ирон аивадон литературæ балхæнынæн, уыимæ – Уæрæсе æмæ Ирыстоны истори, дин, фольклор, медицинæ, экономикæ æмæ æндæр наукон куыстытæ самал кæнын.
Чиныгуарзджытæ æхсызгонæй сæ къухмæ райсдзысты, æдæппæтæй иу кæнæ, дыууæ экземпляры чи рацыд, ахæм чингуытæ дæр.
Армукъа «Букинист» арæзт æрцыд Абайты Васойæн цыртдзæвæн сæвæрыны проектæн баххуыс кæнынæн. Цырт сæвæрыны хъæппæрис равдыста Васойы ном сæнусон кæныны фонд, Абайты мыггаджы минæвæртты архайдæй.
Сæрмагонд топонимикон къамисы хъуыдымæ гæсгæ, скульптурæ хъуамæ æвæрд æрцæуа Коцойы-фырты уынджы, Федералон къазнайады управленийы бæстыхайы бакомкоммæ.
Уымæй размæ цы конкурс расидтысты, уым равзæрстой скульптор Цхуырбаты Оледжы куыст. Цырты аргъ у 15 милуан сомы. Уыцы фæрæзтæ сæмбырд кæныны тыххæй фонд æххуысмæ фæсидт паддзахадон оргæнтæ, æхсæнадон организацитæ, амалхъомтæ, ирон диаспорæтæ æмæ республикæйы æппæт цæрджытæм.
«Ацы аз нæ зындгонд ахуыргонд Абайты Васо Иваны фыртыл æххæст кæны 125 азы. Йæ юбилейон аз хорз уаид Дзæуджыхъæуы Абайы-фыртæн цырт сæвæрын. Курæм нæ республикæйы цæрджытæй, не ’мзæххонтæй æндæр рæттæй, цæмæй се ’ххуысы хай бахæссой, æмæ проект сырæза», – загъд ис сæ курдиаты.
Баххуыс кæнын кæй фæнды, уыдонæн рагагъоммæ зæрдиаг бузныг зæгъынц æмæ хъусын кæнынц, телефоны уæлæфтуан «Фонд памяти Василия Ивановича Абаева»-мæ бацæугæйæ, кæмæн цас йæ фадат амоны, уыйбæрц барвитæд.
Гугкаты Жаннæ














