Культурон хæзнатæ бахъахъхъæнынæн

0
112

Дæргъæвсы зæппæдзтæм бацæ-уæны æвæрд æрцыд, сæрмагонд бæндæнтæ æмæ гæрæны сæрты бахизæн кæй нæй, ахæм хъусынгæнинагимæ амонæн фæрæзтæ. Нырæй фæстæмæ рагон уæлмæрдмæ кæсæн ис æрмæстдæр иуварсæй.

Некрополы фæзыл æдасдзинады мадзæлттæ фæтыхджындæр кæнынæн ма дзы сæвæрдтой видеоцæстдарды 12 камерæйы. Культурон объект  бахъахъхъæныны  фарстамæ сæ цæст дарынц хъахъхъæнынады къабазы кусджытæ.  Сæрдыгон мæйты, туристтæ нæ республикæмæ куы æрбауылæн кодтой,  уæд хъахъхъæнджыты нымæц дæр  бирæ фылдæр уыд.  Æхсæвæй- бонæй  сæ цæст  дардтой зæппæдзтæ  æмæ барадхъахъхъæнынады уавæрмæ.

– Бирæ адæм дзы æрбамбырд вæййы, 80-æм азты  цы  уынгæг  æмæ нарæг къахвæндæгтæ арæзт æрцыд, уыдоныл,  æмæ дзы саразын хъæуы ноджыдæр ма иу ахæм фæндаг бæрзонд ран Алыккаты мæсыгмæ схизынæн. Уæлейæ  тынг рæсугъд æрдзон нывтæ фенæн вæййы адæймагæн. Музейы разамынд  ма фæнд кæны уæлæмхасæн фæлгæсæн фæзтæ дæр саразын, фæхсбандæттæ сæвæрын, цæмæй карджын адæмæн фадат уа мæсыгмæ хизынæн æмæ сæ фæллад суадзынæн, – загъта нæ республикæйы Национ музейы директор Цуциты Аслан.

 

Саутæты Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here