Бабæздзысты сын сæ дарддæры царды

0
56

Алагиры районы мидхъуыддæгты хайады æхсæнадон совет «Фыццæгты змæлд»-ы активисттимæ районы скъолаты сарæзтой фыццаг æххуысы мастер-класстæ.

Уыцы мадзæлттæ бацæттæ кæныныл зæрдиагæй бацархайдта æхсæнадон советы уæнг, Фæсивæдон парламенты депутат æмæ «Фыццæгты змæлд»-ы
районы хайады сæргълæу-уæг Ханайты Таймураз.

Куыд рабæрæг, афтæмæй уыцы мастер-классты стыр разæнгардæй архайдтой 100 ахуырдзауæй фылдæр. Уыдон канд фыццаг æххуысы иумæйаг фарстатимæ нæ базонгæ сты, фæлæ сæхæдæг дæр тырныдтой уыцы зонындзинæдтæ практикон æгъдауæй сфидар кæнынмæ. Базыдтой, æнæнхъæлæджы уавæрты куыд раст архайын хъæуы, цæмæй канд дæхицæн нæ, фæлæ æндæр адæймагæн дæр баххуыс кæнай æмæ уый фæрцы кæйдæр фервæзын кæнай йæ цардæн тæссаг уавæрæй. Амыдтой сын, «Тагъд æххуыс»-ы службæмæ дæр куыд раст бадзурын хъæуы, уый.

Мастер-класстæ саразджыты хъуыдымæ гæсгæ, ахæм ахуыртæ дæттынц адæймагæн ныфс, бахъуа-джы сахат æмбæлгæ хуызы кæй сарæхсдзæн, йе ’ххуыс ахъаззаг кæй уыдзæн, уыдæттæй.

Мастер-классты рæстæг сывæллæттæ лæвæрдтой хистæртæм алы ахсджиаг фарстатæ æмæ истой бæлвырд дзуаппытæ. Зæгъæм, хъыгдард баййафæг адæймаджы аст уавæры зонын,  æвæстиатæй йæ æххуыс кæй хъæуы, уый, арæхдæр цæмæй тæссаг у, адæймагæн фыццаг æххуыс кæнгæйæ, æмæ афтæ дарддæр.

Мастер-классты рæстæг ахуырдзаутæ цы зонын-дзинæдтæ райстой, уыдон сын, æнæмæнг, æххуыс кæндзысты сæ дарддæры царды ахсджиаг фæзилæнты.

Гæззаты Зæринæ,
Алагиры районы
мидхъуыддæгты
хайады инспектор

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here