Сабитæм æнæкæрон уарзт

0
54

«Сабидуг æнæферохгæнгæ у, æмæ хъуамæ нæ кæстæртæ рæзой æнæнизæй, хъæлдзæгæй, рæвдыдæй. Дидинæджы талайы хуызæн сæм хъæуы зилын, рæвдауын, цæмæй сæ фидæн уа рæсугъд», – ахæм зондыл хæст у Хъæдгæроны рæвдауæндоны цæттæгæнæн къорды хъомылгæнæг Джимиты Регинæ.

– Дзæуджыхъæуы нæ хæдзармæ хæстæг уыдис рæвдауæндон. Арæх-иу кастæн, кæрты хъæлдзæг сабитæ куыд тезгъо кæнынц, уымæ. Мæ гыццылæй нырмæ бирæ уарзын сывæллæтты. Каст фæдæн 45-æм гимназ æмæ æнæдызæрдыгæй ахуырмæ бацыдтæн педагогон училищæмæ, – зæгъы Регинæ. Йæхи амондджын хоны, уымæн æмæ у бинонты рæдау æфсин, хорз æртæ кæстæры мад, кусы æнгом коллективы ’хсæн. Æстдæс азы размæ йæ куыстмæ райста рæвда-
уæндоны уæды разамонæг Хуыбецты Жаннæ. Регинæйыл æхсызгонæй сæмбæлдысты иууылдæр. Уæлдай бузныг зæгъы йæ хистæр æмкусæг Хъуылаты Эммæйæн. Регинæ сывæллæтты фыццаг ахуыр кодта нывкæнынадыл, алы райсом семæ кодта зарядкæ. Ныртæккæ йе уæхсчытыл цы бæрнон хæс æвæрд ис, уый хорз æмбары. Скъолайы агъоммæ сывæллæттæ хъуамæ зоной дамгъæтæ, нымæцтæ, уа сæм æндæр зонындзинæдтæ.

– Федералон программæ «От рождения до школы»-мæ гæсгæ аразæм нæ куыст. Æнгом бастдзинæдтæ нын ис хъæууон скъолаимæ. Нæ раздæры рауагъдонтæ нæм арæх æрбауайынц. Æрæджы та сæ мæхæдæг бабæрæг кодтон, урочы сæм абадтæн. Скъолайы директор Огъуаты Анжелæимæ фембæлдыстæм, дзырдтам фæлтæрты ’хсæн бастдзинад дарддæр ахæццæ кæныныл.

Регинæйы ныхасмæ гæсгæ, сывæллæттæ ныртæккæ къæрцхъус сты алцæмæ дæр, алы дзырд, алы фæдзæхст дæр уайтагъд бамбарынц. Зонындзинæдтæй уæлдай ма сæ ахуыр кæны Райгуырæн бæстæ уарзын, хистæрæн кад кæнын, æргом уæвын. Сæхи бацæттæ кодтой Къостайы райгуырæнбонмæ. Хъæдгæройнæгтæ арæх архайынц сывæллæтты журнал «Ногдзау»-ы ерысты. Ис сæм Кады гæххæттытæ.

Рæвдауæндоны уæрæх кæрты цъæх нæууыл сыгъдæг уæлдæфы уарзынц хъазын. Ис сын херытæ, æндæр ирхæфсæнтæ. Уæдæ сæ агъуысты алы къуым дæр у райдзаст, аив æмæ зæрдæмæдзæугæ. Сывæллæттæн æрвылбон сæ фынгтыл вæййы хæрзад æмæ хæрзхъæд хæринаг. Æнæзивæгæй сын лæггад кæны хъомылгæнæджы æххуысгæнæг Гæлæбаты Эльвирæ. Арфæйы ныхæстæ зæгъы Регинæ сабиты ныййарджытæн. Æрмæстдæр иумæйагæй архайын хъæуы хъомылады фарстатыл.

– Мæ куыст зæрдæйæ уарзын. Æппæт коллектив дæр хи хъæбултау рæвдауынц сабиты, хъæлдзæг бæрæгбæттæ сын саразæм, афтæмæй рæстæг цымыдисæй арвитæм.

Алы лыстæг хъуыддагмæ дæр йæ цæст дары, нæ коллектив кæрæдзийыл бæтты рæвдауæндоны сæргълæууæг Гуытъиаты Людæ.

Дæ зæрдæйы сывæллæттæм æнæкæрон уарзт куы цæра, сæ сыгъдæг цæстытæй дæм куы нымдзаст уой, бузныг дын куы дзурой, уæд уымæй хуыздæр, уымæй æхсызгондæр ницы ис, – зæгъы Регинæ.

Гугкаты Жаннæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here