Гайттаты Тасолтаны фырт Мысосты хъысмæтыл аивадон киноныв ис сисæн, бæлвырдæй дзы разынид ирон лæджы цард æцæгæлон бæстæйы, йæ ацыды аххосæгтæ, куыд æмæ цæмæн афтæ рауад йæ цардвæндаг. Арæхдæр трагикон уыд. Фыдæлты зæхмæ йын раздæхæн нал уыд, бинонтæ, хиуæттæм ныффыссын, кæнæ сæм æрбадзурын тæрсгæ кодта, «куы сæ бафхæрой»-ы мæтæй æмæ афтæмæй, мыд цæххимæ хæргæйæ, ‘рвыста йæ бонтæ.
Гайттаты бинонтæ Фыййаджыбылы астæуккаг сыхы цардысты, Тасолтанæн йæ цардæмбалимæ рантыст цыппар лæппуйы æмæ цыппар чызджы, фырттæй иу – Мысост, службæ кодта паддзахы æфсады, сæрыстыр дзы куыд нæ уыдысты йæ хиуæттæ. Октябры революцийы фæстæ азты, Мысост – паддзахы æфсады афицер, хæцыд «дикая дивизия»-йы рæнхъыты, бæстæ куы ‘рсабыр, уæд сыздæхт Фыййаджыбылмæ. Ирыстонмæ схаста, уыцы рæстæджы стæм чи уыд, царды уыцы ногдзинад – æфсæддон быдираг телефон. Йæ хотæй дыууæйæ дзуарыхъæуккаг чындзытæ уыдысты. Мысост бавдæлд æмæ телефон сæ иутæм – Гуыриатæм, бауагъта. Советон хицаудзинад æрфидар æмæ оргæнты кусджытæ, Мысостæн, куыд паддзахы æфсады службæгæнæг, афтæ йæ фæдыл зилын райдыдтой. Йæ хорз æмбал Мамсыраты Темырболатимæ сæ бахъуыд сæхи бааууон кæнын, науæд сæ хъуыддаг хæрзтæй нæ уыд – æрцахстаиккой сæ. Сфæнд кодтой Ирыстонæй фæсарæнтæм сæхи айсын. Сæ ацыды размæ ма хæрзбон зæгъынмæ бинонтæм бацыдысты, чындз Верæ æнхъæлцау уыд, æмæ сын Темырболат бафæдзæхста, лæппу куы райгуыра, уæд-иу ыл мæ ном сæвæрут, зæгъгæ. Йæ фæдзæхст ын сæххæст кодтой, фæлæ дыууæ ‘мбалмæ уыцы хабар нал фехъуыст…
Арвыкомыл хъуамæ ахызтаиккой Гуырдзыстонмæ, уырдыгæй – Туркмæ. Гуырдзыстонмæ хæцæнгæрзтимæ нæ уагътой цæуын, æмæ сæ дыууæ хæлары Къобы Абайтæм ныууагътой, сæхæдæг сæ фæндаг дарддæр акодтой. Лигъдонтæ цы баисты, уый нал рабæрæг, æрмæст бинонтæм æрбайхъуыст, Туркмæ цæугæйæ, Сау денджызы сæрты науыл ленк кæнгæйæ, Мысост дуэлы фæмард, зæгъгæ, хабар. Фæлæ, йæ амондæн, лæппу æгасæй баззад. Туркæй ацыд Канадæмæ, фæлæ уым дæр не ‘рбынатон æмæ йе ‘рцæуæггаджы цард Уругваймæ фæхаста. Уыцы хабæрттæ сбæрæг сты, Мысосты ‘фсымæры байзæддаг Гайттаты Эльбрус йæ фыдæлы агурын куы райдыдта, уæд. Уругвайæн Уæрæсейы цы минæварад ис, уырдыгæй йæм 2014 азы мартъийы Уæрæсейы минæвар Уругвайы Алексей Лабецкий сæрвыста фыстæг, хиуæттæ базыдтой Мысосты царды хабæрттæ: «На Ваше обращение об оказании помощи в поисках информации о Мисосте Гайтове сообщаем следующее. Мисост Гайтов (как и многие офицеры царской армии) в начале двадцатых годов прибыл а Уругвай (предположительно из Аргентины) через турецкие лагеря на островах Лемнос, Галиполия и других. Он был одним из видных представителей «Казачьего центра», созданного офицерами русской армии в этой латиноамериканской стране», – загъд уыд минæвары фыстæджы. Уругвайы минæварадæй йæм сæрвыстой чиныг «Русские в Уругвайе: история и современность» дæр, мыхуыры рацыд иумæйаг редакцигондæй, сæ сæргъы – Уæрæсейы Æххæстбарджын минæвар Уругвайы Кошкин Николайы фырт Сергей, афтæмæй.
Куыд сбæрæг, афтæмæй ма латинагамерикаг паддзахадмæ йемæ афтыд беслæйнаг Алыккаты Петр дæр, фæлæ уый тыххæй æрмæджы авторæн ницы базонын бафтыд йæ къухы. Æрхæсдзыстæм æрмæджы хъайтары тыххæй чиныгæй ист цитатæ: «Хъазахъхъаг центр»-ы уæнгты ‘хсæнæй «дикая дивизия»-йы ирон лæппу, монархист Гайттаты Мысост хицæн кæны йе ‘ргом зæрдæйæ у сыгъдæгзæрдæ æмæ цæсгомджын адæймаг. Йæ ныхас – кавказаг æвзаджы здæхт, фæлæ йыл исчи фæгуырысхо, уырыссаг нæ дæ, зæгъгæ, ууыл, уæд-иу ын тынг хъыг уыд, фæтæргай-иу ис». Æмбырдгондæй базыдтам, уæрæсейаг мигрантты æхсæнад «Хъазахъхъаг центр»-æн сæхи агъуыст кæй нæ уыд æмæ кæй æмбырд кодтой хæдзæртты, арæхдæр – Ла-Техайы районы майкъоппаг хъазахъхъаг Михаил Морозовы (граждайнаг хæсты рæстæг хæцыд Кавказы партизанты къорды), стæй иугонды зындгонд минæвæрттæ Гайттаты Мысост æмæ Семен Павловы хæдзæртты.
Латинаг паддзахады цæргæйæ, Мысост службæ кодта Уругвайы Транспорт æмæ æхсæнадон куыстыты министрады, йæ бæрны уыдысты Фæндæгтæ æмæ цæугæдæтты сæрты хидты арæзтæдтæ. Йæ фæстæ баззад, зебуйы сыкъайæ Рио-Негройы цæугæдоны сæрты хид байгом кæныны номыл цы сæны кубок сарæзта, уый. Клубы уæнгтæ æмæ уыдоны цот æй бирæ уарзтой. Арæх-иу æрбацыдысты, Ла-Платыйы цæугæдоны былгæрон Плайа-Паскуальы поселочы цы хæдзар сарæзта, уырдæм. Хохаг цардыуагмæ гæсгæ хæдзары ‘мкъул цы мæсыг самайын кодта, уырдыгæй-иу фæлгæсыдысты доны былты тыгъдады рæсугъддзинадмæ.
Фыццаг рæстæг эмиграцийы уæвæг уырыссаг æхсæнады минæвæрттæ бирæ зындзинæдтæ бавзæрстой. Цæмæй сыдæй ма амæлой, уый тыххæй-иу кусынмæ бацыдысты бæхтæрæгæй, бæхтæм зилæгæй, куыстой дуаргæсæй, цыдысты цуаны æмæ ахстой кæсаг. Рæстæг цыд, æмæ сын æрдзæй лæвæрд арæхстдзинад æмæ сæ курдиатимæ баст миниуджыты фæрцы бирæтæ сарæзтой хæдзæрттæ, дардтой фос, хæрзмыггаг бæхтæ. Иннæтæ та кодтой æрмгуыст, службæ кодтой латинаг паддзахады алыхуызон куыстуæтты.
Зынгæ æнтыстдзинæдтæ бафтыд Мысосты къухы Уругвайы æфсæнвæндаджы компанийы кусгæйæ, уыд англисæгты къухы. Стыр аргъ ын кодтой, æгъдауджын, куыстхъом, æууæнкджын адæймаг кæй уыд, уый тыххæй. Бабар ын кодтой егъау арæзтадон проекттæ ифтонг кæныны хъуыддаг. Уый хыгъд æй чидæртæ бынæттон кусджытæй нæ уарзтой. Домаг уыд, нæ уарзта магусатæ æмæ, давгæ чи кодта, уыдоны. Куы æрзæронд, уæд-иу арæх бадт Уæрæсейы минæварады раз æмæ-иу Ирыстонæй йемæ кæй рахаста, уыцы хæрынкъайæ лæдзæг æхсæста. Абон дæр ма, минæварады цур цы музей ис, уый авджы фæстæ лæууы экспонатæн. Бинонтæ не скодта, цот дæр ын нæ баззад. Уæрæсейы минæварадæн бантыст, дзуарæфтыд фыд кæмæн уыд, уыцы чызджы ссарын. Таисия Морозова хорз бахъуыды кодта Мысосты, цард горæт Монтевидеойы, йæ цардæй æрæджы ахицæн. Эльбрусæн бæргæ бавæрдта зæрдæ Мысосты ингæн сарынæй, фæлæ карджын сылгоймагæн уый йæ бон нал бацис.
Афтæ, сæ Фыдыбæстæмæ тагъд рæстæджы кæй раздæхдзысты, ууыл æууæндгæйæ, ирон лæг æцæгæлон бæстæйы дæр тырныдта йæ адæмы хæдбындурдзинад æмæ фæткæвæрд бахъахъхъæнынмæ. Чи зоны, цардæмбал дæр уымæн нæ равзæрста, йæ бынтæ дæр æцæгæлон бæстæйы дзæгъæлæй уымæн баззадысты…
Фæсныхас: Дзæвгар рæстæг рацыд йæ амæлæтæй, цалынмæ Гайттаты Мысосты зианы хабар Уругвайæ Ирыстонмæ нæ сыхъуыст, уæдæй. Ирон æгъдаумæ гæсгæ йын йе ‘фсымæр Гаврилы фырт Джабраил йæ хæдзары скодта хист, йæ райгуырæн Фыййаджыбылæй йæм йæ ном ссарынмæ, кад ын скæнынмæ ‘рбацыдысты мыггаджы минæвæрттæ, стæй хъæубæсты цæрджытæ.
ХУЫБИАТЫ Ларисæ














