РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис цы æмбырд амыдта, уым ныхас цыд республикæйы инвестицитæ æмæ промышленносты къабазæн æххуысы фæрæзтыл. Бæлвырддæрæй та – профилон министрад, йæ бæрны уæвæг заводтæ æмæ куыстуæттæн цы субсидитæ радих кæны, уыдонæй куыд пайдагонд цæуы, ууыл.
Æмбырды уæлдай æргом аздæхтой къабазæн паддзахадон æххуысы фарстатæм. Паддзахадон программæты фæлгæты 2026 азмæ финанстæ радих кодтой 44 милуан сомæй фылдæр. Уыдон иууылдæр лæвæрд цæуынц Цæгат Ирыстоны промышленносты фонды бындурон рацарæзтмæ.
2022 азæй 2026 азмæ республикæйы промышленносты фонды рæзтæн лæвæрд æрцыд 560 милуан сомы бæрц. Уыцы рæстæгмæ организаци финансон æххуыс бакодта, сæ иумæйаг аргъ 540 милуан сомы кæмæн у, ахæм 16 инвестицион проектæн.
Æмбырды ма ныхас цыд Дзæуджыхъæуы «Адæмон аивадон æрмадзты рæзты центр»-ы куыстыл. Куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй ацы уагдон рагæйдæр йæхимæ ‘лвасы нæ республикæйы цæрджыты æмæ уазджыты æргом. Æдзухæй дæр дзы арæзт æрцæуынц мастер-класстæ, адæмон дæснытæ се сфæлдыстад равдисынц алыхуызон фестивальтæ, равдыстытæ æмæ форумты. Зæгъæм, адæмон дæсныты арæзт дзауматæ æвдыст цыдысты, хæрз æрæджы туристон комплекс «Мамысон»-ы арæзт арт-конкурсы.
Дзанайты Барис профилон ведомствæ æмæ Центры разамындæн бафæдзæхста, цæмæй дарддæр дæр сæ равдыст продукцийы хæрзхъæддзинадыл куыд кусой, уый. Хицауады Сæрдары ныхасмæ гæсгæ, ацы архайды хуыз канд нæ адæмы культурæ æвдиса æмæ парахат кæна, фæлæ ма хъуамæ республикæйы бюджетмæ дæр æфтиаг хæсса.
– Промышленнон комплекс – у Цæгат Ирыстоны экономикæйы фидар бындур. Мах уынæм уæ æнтыстдзинæдтæ, фæлæ ахсджиаг у дарддæр дæр архайын. Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй промышленнон къабазы рæзт, цы лыггæнинаг фарстатæ дзы сæмбырд, – уыдон сты нæ куысты ахсджиаг нысан. Мах хъуамæ ахæм уавæртæ саразæм республикæйы, алы куыстуат дæр æххуысы мадзæлттæ куыд æнкъара, æмæ йæ фидæнмæ фидар къахдзæфтæй цæуа, – бахахх кодта Дзанайты Барис.
ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ














