Иугонд нымæцон программæ «Уæрæсейы куыст»-ы фæрцы уалдзыгон æмæ фæззыгон каникулты заман Цæлыччы скъолайы хистæркъласонтæн рæстæгмæ куыст радтой.
Фæсивæд скъолайы алфамбылай æфснайдтой, стæй лыстæг цалцæггæнæн куыстытæ æххæст кодтой. Программæйы фæрцы фæсивæдæн ис фыццаг мызд райсыны фадат. Скъолайы уæвгæйæ, æнахъомтæ фæллой кæныныл ахуыр кæнынц.
Дыууæ азы дæргъы иуæндæсæм кадетон къласы ахуырдзаутæ Регинæ æмæ Арсен скъолайы фæрныгады сæраппонд кусынц. Арæхдæр фæсивæд сæ райст æхцатæ бафснайынц кадетон æмбырдтæм ацæуынæн. Фарон ахуырдзаутæ абалц кодтой Бетъырбухмæ, рæхджы та ацæудзысты Севастополмæ.
Цæлыччы скъолайы кусæг ахуырдзауты нымæц у ссæдз лæппу æмæ чызгæй фылдæр. Æнахъомтæн бафидынц рæстæмбис нымадæй 4500 сомы. Фæсивæдмæ бæрнондзинады æнкъарæнтæ цæмæй æвзæрой, ахуыргæнæндоны территорийыл куыст уымæн, стæй дæсны кусджыты цæттæ кæнынæн ахъаз кæны.
Цориты Эльвирæ














