2025 азы январь-сентябры кусæндæтты зилдухы (хиуагъд æвгæд товарты, хи хъарутæй æххæстгонд куыстытæ æмæ лæггæдты аргъ, стæй æндæр рæтты æлхæд товартæ уæй кæнынæй ист æфтиаг) бæрц рауад 191775,2 милуан сомы, ома, архайæг æргътæй нымайгæйæ, фароны уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, 108,4%.
2025 азы январь-сентябры, 2024 азы уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, промышленнон куыстады индекс рауад 77,9%. Чъырдур æмæ хуыры рауагъд кæй фæфылдæр, уый фæрцы пайдайаг къахинæгты амалкæнынады куыстады индекс рауад 105,1%.
Фаронимæ абаргæйæ, дзидзайæ конд хойраг – 8,2%, æхсыр – 4,9%, нæлхæ æмæ царв – 60,6%, цыхтытæ – 2,4%, къæдор – 33,1%, туаг æхсырæй конд хойраг – 22,9%, сæлдæджытæ – 9,6%, спъирт – 25,0%, суæрттæ – 8,3%, уæнгроггæнæн нозт – 18,3%, сæрмагонд уæлæдарæс – 28,8%, къæйтæ, сыфтæ æмæ æнæ арматурæимæ полимерон пленкæтæ – 4,7%, авджын бæрцуæттæ – 20,3%, æндæр æрдæгуадзæн прибортæ та – 10,3% къаддæр кæй рауагъдæуыд, уый нымайгæйæ, хомагкусæг куыстады индекс рауад – 79,3%.
Къалбас рауагъдæуыд 13,1%, дæргъвæтин рæстæг дарæн кæй нæй, ахæм дзултæ æмæ гуылтæ – 5,5%, дæргъвæтин рæстæг дарæн кæй нæй, ссадæй конд ахæм адджинæгтæ – 16,3%, водкæ – 61,2%, сырсыраг æмæ шампайнаг сæнтæ – 6,0%, бæгæны – 13,4%, керамикон агуыридур – 2,6%, блоктæ æмæ æндæр æмбырдгæнæн арæзтадон дзаумæттæ – 74,2%, асфальтон æмæ фæндаггон змæстытæ та – 45,9% фылдæр.
Электрон тыхæй, газ æмæ доны тæфæй ифтонгады; уæлдæф сыгъдæг кæныны куыстады индекс рауад 106,6%.
Донæй ифтонгады, дон иуварс уадзыны, æппарæццæгтæ æмбырд кæнын æмæ сæ æфснайыны, чъизидзинæдтæ иуварс кæныны куыстады индекс рауад 50,8%.
2025 азы январь-сентябры архайды хуыз «Арæзтад»-мæ гæсгæ æххæстгонд куыстыты бæрц рауад 18273,5 милуан сомы, ома, фароны уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, абаргæ æргътæй нымайгæйæ, 83,2%.
2025 азы январь-сентябры сарæзтæуыд 371042 квадратон метры цæрæн-
уæттæ (адæм цæхæрадæттæ дарынæн зæххы хæйттыл кæй сарæзтой, уыцы хæдзæрттæ дæр нымайгæйæ),ома, фароны уыцы рæстæгимæ абаргæйæ,17,6% кьаддæр, хицæн адæймæгтæ кæй сарæзтой, уыцы цæрæнуæтты хай æппæт арæзт цæрæнуæтты бæрцæй рауад 50,7% (иумæйаг фæзуатæй 188280 квадратон метры, ома, 2024 азы уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, 17,3% къаддæр).
2025 азы январь-сентябры æппæт хъæууонхæдзарадон продукциуадзджытæ рауагътой 14576,0 милуан сомы бæрц продукци, ома, фароны уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, абаргæ æргътæй нымайгæйæ, 101,0% (2024 азы январь-сентябры – 105,0 %).
Ацы азы сентябры кæрон æппæт хуызты хæдзарæдты стурвосы нымæц, ранымадмæ гæсгæ, уыд 94,7 мин сæры (ома, фароны уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, 4,5% къаддæр), адонæй хъуццытæ уыдысты 39,2 мин сæры (6,2% къаддæр), хуытæ – 7,3 мин сæры (42,1% къаддæр), фыстæ æмæ сæгътæ – 81,5 мин сæры (35,5% къаддæр), мæргътæ та – 1096,9 мин сæры (14,1% къаддæр).
Ацы азы сентябры кæрон, фарон уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, хъæууонхæдзарадон куыстуæтты стурвосы нымæц фæкъаддæр 22,6%, уыимæ – хъуццыты нымæц – 22,9%, фыстæ æмæ сæгъты нымæц – 37,7%, мæргъты нымæц та – 69,1%.
2025 азы январь-сентябры æппæт хуызты хæдзарæдтæ фос æмæ мæргътæ æргæвдынæн (удæгас уæзæй нымайгæйæ) рауагътой 37,5 мин тоннæйы, æхсыр – 197,5 мин тоннæйы æмæ 58,5 милуан айчы.
2025 азы сентябры кæрон, 2024 азы уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, хъæууонхæдзарадон куыстуæттæ фос æмæ мæргътæ æргæвдынæн (удæгас уæзæй нымайгæйæ) рауагътой 7,1%, æхсыр – 0,7% къаддæр, æйчытæ та – 44,9% фылдæр.
2025 азы январь-сентябры, фароны уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, автомобилон транспорты уæзты зилдухы бæрц 0,1% фæфылдæр, бæлццæтты зилдухы бæрц та 18,1% фæкъаддæр.
2025 азы январь-сентябры розницæйы базарады зилдухы бæрц рауад 153293,5 милуан сомы, ома, 2024 азы уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, абаргæ æргътæй нымайгæйæ, 103,9% (2024 азы январь-сентябры – 107,1%). Базары æддæ товартæ чи уæй кæны, уыцы кусæндæттæ æмæ индивидуалон амалиуæггæнджыты зилдухы бæрцыл бафтыд 3,4%; товартæ розницæйы базарты æмæ армукъаты та ауæйчындæуыд 5,3% фылдæр.
2025 азы январь-сентябры æхсæнадон хæлцы зилдухы бæрц рауад 8102,7 милуан сомы, ома, фарон уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, 11,0% фылдæр.
2025 азы январь-сентябры, фарон уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, оптон базарады зилдухы бæрц рауад 21,9% къаддæр.
2025 азы январь-сентябры, фароны уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, адæмæн æхцайыл лæггæдты бæрц 7,1% фæфылдæр.
2025 азы сентябры кæрон, 2024 азы декабримæ абаргæйæ, товартæ æмæ лæггæдты фæлхасадон æргътыл бафтыд 3,7%, уыимæ хойраджы æргътыл – 1,0%, лæггæдты æргътыл – 8,9%, промышленнон товарты æргътыл та – 3,8%.
2025 азы январь-августы куыстуæтты æфтиæгтæ рауадысты сæ хæрдз-
тæй 313,0 милуан сомы фылдæр. Сæ хæрдзтæ се ’фтиæгтæй фылдæр кæмæн сты, уыцы куыстуæтты хай ацы азы январь-августы рауад 42,5%, ома, фароны уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, 6,3% къаддæр.
2025 азы январь-августы мæймæ нымад рæстæмбис мызды бæрц рауад 51636,4 сомы, ома, фароны уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, 13,4% фылдæр. Æцæг мызды бæрц рауад 104,1%.
Экономикон архайды иртæстгонд хуызты кусæндæтты мызды хæсы бæрц (хæс ис æви нæй, уый тыххæй бæрæггæнæнтæ 2025 азы 1 октябрмæ бавдисæг кусæндæтты, чысыл амалиуæгады субъекттæй фæстæмæ) рауад 0 сомы.
2025 азы сентябры кæрон РЦИ-Аланийы Адæмæн куыстдæттæг комитеты номхыгъдтæм хаст æгуыст адæмы нымæц рауад 2604 адæймаджы, адонæй 2117 адæймагмæ уыд æгуыст адæймаджы уагæвæрд, ома, фароны уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, 107,2%, раздæры мæйимæ абаргæйæ та – 104,9% . 2025 азы сентябры кæрон æппæт кусджытæй официалон уагæй регистрацигонд æгуыст адæмы бæрц рауад 0,7%, фарон уыцы афон та – 0,6%.
«Северо-Кавказстат»-ы пресс-службæ














