Æхсæнад æмæ паддзахады æдасдзинад

0
18

Уæрæсейы Президенты Æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы федералон зылды Юрий Чайка цы ‘мбырд сарæзта, уым видеобастдзинады руаджы архайдта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло.

Юрий Чайкайы цур арæзт советы ныхас цыд 20 сентябры Хъæлæскæныны иумæйаг бон æхсæнадон æдасдзинад бахъахъхъæныныл. Цæгат Кавказы федералон зылды субъектты  скæндзысты федералон,  регионалон æмæ муниципалон æвзæрстытæ. Комкоммæ уагæй хъæлæсгæнгæйæ, равзардзысты Цæцæны Республикæйы разамонæджы, парламентты æмбырдты та – Дагестан æмæ Цæгат Ирыстоны республикæты хицæутты.

Центрон æвзарæн къамисы уынаффæйæ, ивгъуыд азты куыд уыд, афтæ æвзарæн къамистæ кусдзысты æртæ боны дæргъы, ома майрæмбонæй райдайгæйæ. Уæрæсейы Президенты Æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы федералон зылды Юрий Чайка куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй украинаг неонацисттæ æмæ ныгуылæйнаг структурæтæ  бафæлвардзысты хъæлæскæнынады руаджы æхсæнад æмæ паддзахады уавæр сæмтъеры кæныныл.

«Уымæ гæсгæ æвæрын æппæт уыцы хъуыддæгтæн карз ныхкъуырд дæттыны хæс. Æвзæрстыты архайджытæ хъуамæ хъахъхъæд цæуой, кандидаттæй райдай, æвзарæн къамисты уæнгтæ, цæстдарджытæ æмæ милуангай граждæнтæй фæу. Цардæн ахъазгæнæг æппæт структурæтæ дæр хъуамæ кусой æнæ къуыхцытæй, æвзæрстыты размæ куыд уыд, афтæ», – загъта  Æххæстбарджын минæвар.

Ныртæккæ æппæт уыцы фарстатыл куыст куыд цæуы, уый тыххæй уыд сæ раныхас Уæрæсейы Мидхъуыддæгты министрады цæгаткавказаг федералон зылды сæйраг управленийы хицау Сергей Бачуринæн, Цæгат Кавказы федералон зылды, Жуковы орден хæссæг, Национ гвардийы разамонæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Александр Росликовæн æмæ иннæ дзуапджын адæймæгтæн. Севеты æмбырды ма ныхас кодта Дагестаны Республикæйы разамонæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Федор Щукин.

Æмбырды кæронбæттæн бæрнон адæймæгтæн сæ бæрны бакодтой бæлвырд хæстæ.

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here