РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис цы ‘мбырд сарæзта, уым ныхас цыд Æнæкоммерцион дыргъдзæхæрадæтты æмбалæдты (СНТ) газ, дон æмæ электрон тыхæй æфсадыны, донуадзыны инженерон хызтæ фæрæзтæдæттæг организациты балансмæ раттыны фарстатыл. Уый у РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы фæдзæхст.
Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ республикæйы 45 Æнæкоммерцион дыргъдзæхæрадæтты æмбалæдтæй фылдæр ис.
Дзанайты Барис дзуапдæттæг ведомствæйæн бафæдзæхста Публикон акционерон æхсæнæдтæ «Газпром межрегионгаз Владикавказ», «Россети Северный Кавказ» – «Севкавказэнерго», Паддзахадон унитарон куыстуат «РПВВ»-имæ иумæ хъæугæ куыст бакæнын коммуналон хызтæ фæрæзтæдæттæг организациты балансмæ раттыны фæлгæты.
– Æнæмæнг, хъæуы сæйрагдæр мадзæлтты хыгъд скæнын коммуналон хызтæ раттыны тыххæй æмæ Æнæкоммерцион дыргъдзæхæрадæтты æмбалæдты уæнгтæн иумæйаг æмбырдтæ саразын. Æмбалæдты цæры нæ граждæнты дзæвгар хай. Уыцы куысты руаджы нæ бон уыдзæн оперативон æгъдауæй сæвзæргæ зындзинæдтæ æмæ цæлхдуртæ афойнадыл аиуварс кæнын, æмæ афтæмæй фæбæрзонддæр уыдзæн республикæйы цæрджытæн лæггæдтæ дæттыны хæрзхъæддзинад, – фæбæрæг кодта Дзанайты Барис.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ














