ЗÆРВАТЫКК

0
35

ЗÆРВАТЫКК — Нарты, стæй ирон адæмы уарзондæр маргъ. Сатанайы фæдисон, Хуыцауы цумагæнæг. «Адæмæн уарзон маргъ фæу, зæрватыкк», — ахæм арфæ йын Сослан ракодта, Зилахары быдыры йын Балсæджы цалх йæ уæрджытæ куы ахауын кодта, уæд ын Æхсæртæггатæм фæдисхъæргæнæг кæй атахт, уый тыххæй.

«Бахæццæ ис зæрватыкк Нарты хъæумæ, Æхсæртæггаты хæдзары аххæрæгыл абадтис. Ныцъцъыбар-цъыбур кодта: «Сос-ланы уын Балсæджы Цалх йæ уæрджытыл ахауын кодта Зилахары быдыры, æмæ мæлы уым æнæ цæстыл хæцæгæй» (кадæг
«Сосланы мæлæт»).

Сатана куы фæтыхсы, уæд йæ фæдисхъæргæнæг чи вæййы? Зæрватыкк.
Æххуысагур æй арвиты Нарты гуыппырсартæм. Нартæ Хуыцауимæ сæ тых бавзарын куы сфæнд кодтой æмæ йæм куы нал куывтой, уæд дæр сæм Зæрватыччы рарвыста, фæцу-ма Нартмæ æмæ мын сæ бафæрс, цæуыл у сæ тæргай, зæгъгæ. Зæрватыкк æртахти, Нарты Ныхасы талайыл абадт æмæ сын хатиагау ра-дзырдта Хуыцауы фарст. Уырызмæг æй бамбæрста. Зæрватыкк зоны нæртон æмæ хатиаг æвзаг дæр.

 

ЗÆРВАТЫКК ÆМÆ КАЛМ — Зæрватыкк иу ирон таурæгъы мæлæтæй фервæзын кæны сабийы. Цæвиттон, донæй хъаймæты рæстæг иу
хуыцауы уарзон адæймаг йæ бинонтимæ, цæрæгойтимæ Хуыцауы фæндæй иу науы куы бамбырд сты, уæд сын сæ нау мыст фæхуынкъ кодта, æмæ дон мидæмæ цæуын байдыдта.
Хуынкъ  калм йæ къæдзилæй сæхгæдта, фæлæ хуыцауы уарзон адæймагæй фыдхæрыны бар æркуырдта. Уыцы уавæры йын «нæ» зæгъын йæ бон нал уыд… Калм бындзы арвыста: «Ацу æмæ мын базон, цæрæгойтæй кæй фыд у адджындæр».

Бындз сбæрæг кодта, сывæллоны фыд кæй у æппæты адджындæр. Хабар калммæ нæма бахæццæ, афтæ йæ зæрватыкк базыдта, бындзы фæсте басырдта æмæ йын йе ‘взаг йæ рæбынæй стыдта. Калм та зæрватыкмæ фæлæбурдта æмæ ма йын йæ къæдзилыл фæхæст. Зæрватыкк дзы йæхи атыдта, йæ къæдзилæй ма иу хай калмы дзыхы аззад. Фæлæ бындз дзурын нал зыдта, йæ дыв-дывæй та йын калм æмбаргæ ницыуал бакодта, æмæ сывæллон мæлæтæй фервæзт.

Уæдæй абонмæ зæрватыккæн йæ къæдзил у саджилæг, бындз дзурын нал зоны, æрмæст ма дыв-дыв кæны, калм та йæ маст нæ рох кæны æмæ нæ
ауæрды адæмыл хæцынæй.

 

ÆХСИНÆГ — æхсыргъуыз рæсугъд бæлон. Кадджытæм гæсгæ зæдтæ зæхмæ тахтысты æхсинæ-джы хуызы, æмæ-иу кæм æрбадтыс-ты, уым-иу сæ рухсæй ныррухс ис. Уыцы миниуæг уыд Донбеттырты æртæ хомæ дæр. Уыдон æхсинæ-джы хуызы тахтысты Нарты цæхæрадонмæ Нарты фæткъуы давынмæ.

Уыцы хуызы Дзерассæйы йæ фатæй æхсæртæг фæцæф кодта æмæ, йæ тугвæдыл ацæугæйæ, ныфтыд Донбеттыртæм.

БОРÆМÆЛГЪÆ — адæмон сфæлдыс-тады цавæрдæр æбæрæг маргъ, хонынц æй амондхæссæг. Уымæ гæсгæ сын йæ фæзынд хæссы æхсызгондзинад.

 

 

Цгъойты Хазбийы
чиныг «Ирон
мифологи æмæ
цардыуаджы
дзырдуат»-æй

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here