Æнæном салдаты æрымысыны тыххæй Цхинвалы Уырыссаг хæ-
дзары скодтой Лæгдзинады æппæтуæрæсеон урок. Ацы хъуыддаг уыд фыццаг, «Уæлахизы бархионтæ»-йы дунеон штабы минæвæрттæ Хуссар Ирыстоны кæй скодтой, ахæм.
Уырыссаг хæдзармæ æрбацыдысты бæрнон, дзуапдæттæг лæгтæ, ахуырдзаутæ. Æмхуызонæй сæ фæндыд, Фыдыбæстæйы сæраппонд чи фæмард, уыдонæн кад скæнын. Уæрæсеимæ æмгуыстады минæвар Хуссар Ирыстоны Сергей Комиссаров куыд радзырдта, афтæмæй историон зæрдылдард бахъахъхъæныны тыххæй ахæм цаутæн аргъ нæй.
«Лæгдзинады урок æрæмбырд кодта бирæ ахуырдзауты, уый та ууыл дзуры, æмæ хуссарирыстойнаг цæрджытæн историон цаутæ сты ахсджиаг. Уæ дадаты фыдæлтæ æмæ уæ нанаты мадæлтæ хæсты архайдтой, фронтæн æххуыс кодтой. Тохы быдырæй чи нал сыздæхт, уыдоны нæмттæ арæм абон, сæ нæмттæ æбæрæг кæмæн сты, уыдоны лæгдзинад баззайдзæн нæ зæрдæты», – загъта Уæрæсеимæ æмгуыстады минæвар.
«Уæлахизы бархионтæ»-йы штабы сæрдар, уæрæсейаг граждæнты цæдисы разамонæг Наталья Жуйкова куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй хъуамæ рæзгæ фæлтæртæ се ‘ргом здахой штабы куыстмæ. «Мах ахæм хъуыддæгтæ араздзыстæм, фæсивæды хъомыладмæ уæлдай цæстæнгас здахдзыстæм. Историон зæрдылдард уæ къухты ис, æрмæстдæр сымах бон у дарддæр æй адæттын. Не ‘фсæддонтæ, се сгуыхтытæ хъуамæ рох ма уой», – загъта Наталья Жуйкова.
Лæгдзинады урок рауад цымыдисаг, уыд дзы зонынады викторинæ. Баст уыд ахсджиагдæр историон цаутимæ, бæрæггонд зындгонд бонтимæ. Урокы ма спайда кодтой цæстуынгæ роликтæй, уæдæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты тыххæй æрмæджытæ дæр сывæллæттæм равзæрын кодтой æнкъарæнтæ. Уыдæттæ урокмæ балæвæрдтой «Уæлахизы бархионтæ»-йы штабы минæвæрттæ.
Ацы хъуыддаджы архайдтой штабы уæнгтæ Анжеликæ Буковская, Надеждæ Рассохина, Дианæ Свиткова, Джабиты Экатеринæ æмæ гимназ «Альбион».
(«Рес»)














