Регионты разамонджыты ахадындзинады рейтинг

0
108

Мыхуыргонд æрцыд УФ-йы субъектты сæргълæуджыты куысты ахадындзинады æрвылмæйон рейтинг 2025 азы ноябры хатдзæгтимæ. Уыцы номхыгъды РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛОЙÆН эксперттæ фидар бынат снысан кодтой, сæ архайд хъомысджын æмæ ахадгæ кæмæн у, уыцы губернаторты къорды.

 Уыцы рейтинг бацæттæ кодта Политикон æмæ экономикон коммуникациты агентад.

Агентады экспертты хъуыдымæ гæсгæ, Сергей Меняйло дарддæр дæр бæрнонæй кусы регионы экономикæ æмæ социалон къабазы райрæзтыл, æнгом æмархайд кæны федералон политикон структурæтимæ.

Ноябры дæргъы Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæгæн цы кусæг фембæлдтытæ уыд, уыдоны ’хсæн бæрæг дары ныхас Уæрæсейы Центрон æвзарæн къамисы сæрдар Эллæ Памфиловаимæ, УФ-йы Паддзахадон Думæйы фæллойы, социалон политкæ æмæ ветеранты хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Ярослав Нилов æмæ Цæгат Кавказы федералон зылды Уæрæсейы Президенты Æххæстбарджын минæвары хæдивæг, Хъазахъхъæгты æппæтуæрæсеон æхсæнады атаман Виталий Кузнецовимæ.

Ноябры республикæйы цард цы цаутæй хъæздыг уыд, уыонæн сæ ахсджиагдæртæ уыдысты Ногиры хид ногæй саразын æмæ автомобилон фæндаг «Транскам – Уæллаг Зджыд – Мæцутæ»-йы бындурон рацарæзт. Сергей Меняйлойы куысты ахадындзинады рейтингыл хорзæрдæм сахадыдта, Мæскуыйы Хицауад республикæмæ коммуналон техникæ кæй сæрвыста, уыцы æууæл. Уымæй уæлдай, эксперттæ фæбæрæг кодтой, национ проект «Бинонтæ»-йы уагæвæрды бындурыл республикæ 2 ног æмæ 6 ныртæккæ кусæг рæвдауæндоны арæзтад æмæ цалцæгмæ хæстæгдæр рæстæг кæй бавналдзæн, уыцы хабар дæр.

Нæ уацхæссæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here