Иумæйаг паддзахадон фæлварæнмæ цæттæдзинады центртæ

0
145

Дзæуджыхъæу æмæ республикæйы районты ногæй кусын райдыдтой Иумæйаг паддзахадон фæлварæнмæ цæттæ кæныны центртæ. Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ.

Ахуырад æмæ наукæйы министрады бæрнон кусджытæ бацархайдтой, цæмæй ахæм центртæ, Дзæуджыхъæуæй уæлдай, байгом уой æппæт муниципалон районты дæр. Уыцы æууæлы фæрцы дæрддзæф хъæуты скъоладзаутæн дæр уыдзæн фадат амынд центрты лæггæдтæй спайда кæнынæн.

Центртæ æрбынæттон сты рагагъоммæ бæлвырдгонд скъолаты бындурыл. Фидæны рауагъдонтимæ кусынц фæлтæрдджын ахуыргæнджытæ – дæттынц сын уæлæмхасæн зонындзинæдтæ, амонынц сын Иумæйаг паддзахадон фæлварæны хæслæвæрдтæ æххæст кæныны фæтк æмæ афтæ дарддæр.

Пресс-службæйы минæвар куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ахæм ногдзинад фæзынд 2024 азы Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы хъæппæрисæй. Уый
Ахуырад æмæ наукæйы министрады разамындæн бахæс кодта ахæм центр-
тæ байгом кæнын. Æмæ хъуыддаг пайдайаг кæй рауад, уый рæстæг равдыс-
та: скъоладзаутæ зæрдиагæй цыдысты ахуыртæм, иумæ цæттæ кодтой сæхи фæлварæнтæм, стæй комкоммæ фæлварæны рæстæг дæр равдыстой хуыздæр бæрæггæнæнтæ.

Уый хынцгæйæ, цæттæгæнæн центртæ а фæззæг ногæй байгом кодтой.
Ахуырад æмæ наукæйы министрады куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй амынд центрты лæггæдтæй спайда кæныны фæдыл курдиат бадæттын хъæуы хи къласы разамонæгмæ, кæнæ та – центртæ кæм æрбынæттон сты, уыцы ахуырадон кусæндæтты администрацитæм. Æппæт фарстатæ дæр сбæлвырд кæнæн ис министрады специалистты æххуысæй ахæм телефонæй: 8 (8672) 53-49-40.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here