Алагираг кадеттæ – хуыздæртæ

0
96

Алагиры 2-æм астæуккаг скъолайы УФ-йы Слестгæнæг комитетæн цы кадетон кълас ис, уый 2025 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ Уæрæсейы нымад æрцыд
хуыздæрыл.

Уый тыххæй йæ телеграм-каналы ныффыста РЦИ-Аланийы Сæргълæу-уæг Сергей Меняйло.

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы хатдзæгмæ гæсгæ, уыцы æнтыстдзинад æвзонг кадетты къухы бафтыд сæ ахуыргæнджытæ æмæ ныййарджыты æххуысы, стæй УФ-йы Слестгæнæг комитеты РЦИ-Аланийы управленийы специалистты аудынады фæрцы.

«Алагираг скъоладзаутæ æвдисынц хорз ахуырадон бæрæггæнæнтæ, иуда-дзыгдæр уæлахиз кæнынц олимпиадæты, сфæлдыс-тадон æмæ спортивон ерысты, зæрдиагæй архайынц патриотон æмæ хæрзаудæн проектты дæр. Зæгъæм, ацы аз къласы ахуырдзаутæ архайдтой Мæскуыйы Кремлы дунеон хæрзаудæн акцийы», — фæбæрæг кодта Сергей Меняйло.

Республикæйы разамонæг куыд фехъусын кодта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны ног ахуыры азы ноджыдæр ма байгом уыдзысты Уæрæсейы Слестгæнæг комитеты цалдæр профилон кадетон къласы.

 

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here