Гуманитарон æххуыс

0
127

Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады админист-рацийы структурон дæлха-йæдты кусджытæ æмæ горæты цæрджытæ иудадзыгдæр аудынц, сæрмагонд æфсæддон операцийы тæлмы чи хæцы, нæ уыцы хæстонтыл.

Рæстæгæй-рæстæгмæ горæты администрацийы разæй Донбассмæ афæндараст кæнынц радон гуманитарон æххуысы хæдтулгæ.

Афтæ уыд ацы хатт дæр. Горæты администрацийы разамонæг Милдзыхты Вячеславы хъæппæрисæй алы организацитæ æмæ иугæндты минæвæрттæ радон хатт бамбырд кодтой гуманитарон уæзæгтæ – хойраджы продукттæ, дронтæ æмæ æндæр техникæйæн хъæугæ ивæн хæйттæ. Администрацийы минæвæрттæ куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй ацы хъуыддаджы сæхи уæлдай фæзминагæй равдыстой бархионты змæлд «Волонтеры ZZZ Осетия”-йы уæнгтæ, сæ разæй – Маринæ Кулакова, афтæмæй. «Уый æрмæст гуманитарон æххуыс нæу, фæлæ зæрдиаг бавæрæн нæ иумæйаг уæлахизмæ», – бафиппайдта администрацийы минæвар.

 

Дзæуджыхъæуы бынæттон
хиуынаффæйады
администрацийы
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here