РЦИ-Аланийы Хицауады радон æмбырд амыдта йæ Сæрдар Дзанайты Барис.
Хицауады уæнгтæ, муниципалон скондты сæргълæуджытæ, ведомствæты разамонджытæ се ’ргом аздæхтой нæ республикæйы социалон-экономикон рæзты фарстатæм.
Фыццаг уыд кадрты фарста. РЦИ-Аланийы финансты министры фыццаг хæдивæгæй 2028 азы декабрмæ снысан кодтой Оксанæ Каровайы. Ног æмгъуыдмæ, 2028 азы онг, финансты министры хæдивæгæй равзæрстой Андиаты Зæлинæйы.
Федералон программæ «Хъæууон тренер» Цæгат Ирыстоны йæ тыхы бацæудзæн 2026 азы. Уый тыххæй Хицауады æмбырды фехъусын кодта РЦИ-Аланийы физикон культурæ æмæ спорты министр Фрайты Сослан. Хицауады уæнгтæ сфидар кодтой иухаттон компенсацион фиддон физикон культурæ æмæ спорты кусджытæн. Ирыстоны дæрддзæф цæрæн бынæттæм кусынмæ чи ацæуа, уыдон райсдзыс-
ты фæйнæ милуан сомы.
Не ’мзæххонтæй фæсарæнты чи цæры æмæ барвæндонæй Уæрæсемæ æрбаздæхын кæй фæнды, уыдонæн баххуысы тыххæй кусы РЦИ-Аланийы паддзахадон программæ. Хицауады уынаффæмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй дзырдта нæ рес-
публикæйы фæллой æмæ социалон рæзты министры хæдивæг Маматы Анд-
желæ.
РЦИ-Аланийы паддзахадон исбонад æмæ зæххы ахастдзинæдты министр Тедеты Русланы ныхасмæ гæсгæ, Ирыстонмæ Мæскуыйæ ссыд митæфснайæн сæрмагонд техникæ. Афтæмæй нæ республикæйы материалон-техникон базæ фæхъæздыгдæр 25 нырыккон кусæнгарзæй. Куыд кусдзæн уыцы техникæ, чи йыл дæтдзæн дзуапп, уый тыххæй цыдис ныхас.
Нæ республикæйы Фæсивæды хъуыддæгты комитеты фарстатæ рæгъмæ рахаста йæ сæрдар Джусойты Руслан.
Социалон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы литературæйы номхыгъд сбæрæг кæныны тыххæй РЦИ-Аланийы Хицауады цур кусы экспертон совет. Йæ куыстмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй дзырдта нæ республикæйы Мыхуыр æмæ дзыллон коммуникациты комитеты сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Эльдар Афашоков.
Цæрæгойтимæ ахастдзинæдты хъуыддаджы закъоны ныхмæ архайд цæмæй ма æрцæуа, нæ республикæйы уыцы закъоны проектимæ æмбырды архайджыты базонгæ кодта РЦИ-Аланийы Ветеринарон управленийы разамонæг Кокойты Сослан.
Куыд загъта, афтæмæй æнæхицау цæрæгойтæн уыдзæн, иу мæйы бæрц сæ кæм дардзысты, ахæм бынæттæ. Рæстæгмæ цæрæн бынаты кусджытæ сбæлвырд кæндзысты се ’нæниздзинад клиникон уавæрты, стæй ацæудзысты вакцинаци, стерилизаци, æмæ иугæр тæссаг куы нæ уой адæймаджы æнæниздзинадæн, уæд сæ рауадздзысты уæгъдибар цардмæ. Хæдзарон фос дæр хъуамæ æнæмæнг регистрацигонд цæуа.
– Ахæм цæстдарды мадзæлттæ фадат дæттынц адæмы æдас æмæ сабыр уавæрты цардæн, эпидемитæй бахъахъхъæнынæн æмæ æнæнхъæлæджы уавæртæ ма ‘руадзынæй, – загъта Кокойы-фырт.
Æхсызгон хабар фехъусын кодта Оксанæ Карова.Хуыздæр муниципалон практикæйы æппæтуæрæсеон конкурсы, ирыстойнаг хъæу Комсомольск бацахста дыккаг бынат. Æхцайы æххуыс райсдзысты æртæ мил-
уан сомы, æмæ уый тыххæй республикæйы бюджетмæ ивддзинæдтæ бахастой.
Æмбырды архайджытæ ма дзырдтой æндæр вазыгджын фарстатыл дæр.
Гугкаты Жаннæ














