Алагиры æртæ азы размæ байгом æхсæнадон скъола «Зонындзинад». Уыцы хъæппæрис равдыста социалогон наукæты кандидат, Алагиры хистæрты советы сæрдар, районы ныхасы уæнг, æхсæнадон архайæг Цогойты Тамерлан. Йæ уыцы фæнды фарс рахæцыдысты районы æхсæнадон организацитæ æмæ ахуыргæнджытæ.
Скъолайы ахуыртæ скæнынц алы мæй дæр, зонындзинæдтæ райсынц ахуырдзаутæ, студенттæ, горæты цæрджытæ. Ацы хатт скъолайы уазджытæ уыдысты, Лианты Зæлинæ разамынд кæмæн дæтты, Алагиры 2-æм скъолайы 10-æм къласы уыцы ахуырдзаутæ. Ирон æвзаджы ахуыргæнæг Фардзинты Кларæйы разамындæй рæзгæ фæлтæр бацæттæ кодтой ирд, арфхъуыдыджын раныхастæ.
Цогойты хæдзары ис сæрмагонд бынæттæ, уым фæцæуынц ахуыртæ, хъæугæ æрмæджытæй ифтонггонд сты. Алы урочы райдайæны дæр мидæмæ кадджын уавæры бахæссынц Уæрæсейы Федераци æмæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон тырысатæ. Райхъуысынц паддзахадон гимнтæ. Афтæмæй райдайы алы урок дæр.
Нæ уацхæссæг














