Алагиры районы мидхъуыддæгты хайады æнахъомты хъуыддæгты инспектор, пъæлицæйы кæстæр сержант Тахохты Маринæ, Ветеранты советы сæрдар, пъæлицæйы отставкæйы булкъон Бицъоты Олег, Æхсæнадон советы уæнг, пъæлицæйы отставкæйы дæлбулкъон Александр Вязников æмæ амынд советы минæвар, пъæлицæйы отставкæйы капитан Хъайттаты Валери архайдтой æппæтуæрæсеон ахуырадон проект «Хъæбатыры партæ»-йы.
Скъоладзаутæ фæзминаг сгуыхтдзинæдтæ равдисæг æмзæххонты тыххæй фылдæр хабæрттæ цæмæй базоной, уый тыххæй Алагиры район амынд проект парахатæй æххæст кæны. Алагиры цыппæрæм скъолайы фæстæ номарæн дзыллон мадзал раивта горæты дыккæгæм скъоламæ. Ацы скъолайы кусæн уæттæй иуы кадджын уагæй æрæвæрдтой партæ 2013 аз кастфæуæвæг, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг Персаты Георгийы номыл.
Дзыллон мадзалмæ æрбацæ-уæг кадджын уазджытæ – районы сæргълæууæджы уынаффæгæнæг Гæбуты Юри, районы Ветеранты советы сæрдар Икъоты Руслан æмæ Фæсивæды социализацийы центры разамонæг Цомайты Алан Фыдыбæстæ æхсарджынæй хъахъхъæнæг Георгийы ныййарджытæн зæрдиаг арфæ ракодтой.
Фæзминаг хъæбатырдзинад æмæ Райгуырæн бæстæмæ æгæрон уарзондзинад скъолайы кæй равзæрынц, абоны ахуырдзаутæ уый рахатдзысты, хъæбатыры партæйы раз æрбадгæйæ. Æмбырды райдайæны фæсивæд зæрдиагæй бакастысты хъæбатырдзинады тыххæй æмдзæвгæтæ (уыимæ, Георгийы кадæн фыст чи уыд, ахæмтæ дæр), фæстæдæр та, хæсты быдырæй нал сыздæхæг æппæт хъæбатырты рухс нæмттæ аргæйæ, æдзæмæй алæууыдыс-ты. Ахуыргæнджытæ радзырдтой сæ раздæры ахуырдзауимæ баст мысинæгтæ.
Æмбырдмæ æрбацæуæг адæмæн равдыстой сæрмагонд æфсæддон операци æххæсткæнынады тæлмы ист документалон кинокадртæ. Ахуыргæнджыты ныхасмæ гæсгæ, ахуырадмæ стыр æргом чи здахы, стæй æхсæнадон царды разæнгардæй чи архайы, æрмæст ахæм скъоладзаутæн уыдзæн «Хъæбатыры партæ»-йы раз æрбадыны бар. Хъæбатырты нæмттæ рохгæнинаг кæй не сты, дзыллон мадзал ууыл дзурæг у.
Скъолайы фæстæ Персаты Георги каст фæци Саратовы паддзахадон юридикон академи. Сæрмагонд æфсæддон операци куы райдыдта, уæд лæппу æрлæууыд Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнджыты æмрæнхъ. Æндæраз 28 ноябры 27-аздзыд Георги хъæбатырæй фæмард Запорожьейы облæсты Работинойы хъæумæ ’ввахс тугкалæн хæсты. Æдзард æфсæддон йæ мæлæты фæстæ хорзæхджын æрцыд Лæгдзинады орден æмæ майдан «Ирыстоны намысæн»-æй.
Гæззаты Зæринæ,
Алагиры районы
мидхъуыддæгты
хайады инспектор














