Уазæг – Хуыцауы уазæг!

0
99

Æрæджы «Инстаграм»-ы  мæ цæст æрхæцыд иу видеоæрмæгыл. Ома дзы уыдонæй фылдæр цы ис, фæлæ мæм уый цымыдисаг фæкаст. Видеоæрмæджы дохтыр дзырдта нæ мадæлон æвзагыл. Афтæ æхсызгон мын уыд, æмæ мæ бафæндыд йемæ фембæлын æмæ йæ æрбахуыдтон нæ редакцимæ. Уый у æрыгон, фæлæ, ныридæгæн фæлтæрдджын схонæн кæй ис, ахæм дохтыр Хæмыцаты Авданы фырт Зауырбег.

Бæрзонд, хæрзконд, уæздан лæппу мидбылхудтимæ æрбахызт нæ редакцийы къæсæрæй. Кæрæдзийæн салам раттам æмæ зæрдиагæй фæныхæстæ кодтам.

Зауырбег райгуырд æмæ схъомыл Дзæуджыхъæуы. 46-æм астæуккаг скъола фæуыны фæстæ ахуыр кæнынмæ бацыд Цæгат Ирыстоны медицинон академимæ æмæ йæ 2019 азы æнтыстджынæй каст фæцис. Йæ ахуыр адарддæр кодта ординатурæйы Бетъырбухы Алмазовы номыл Национ медицинон иртасæн центры æмæ дзы зындгонд специалисттæ Владимир Шломин æмæ Вадим Гребенникимæ бакуыста цыппар азы. Йæ зонындзинæдтæ фæфылдæр кодта, райста фæлтæрддзинад æмæ афтæмæй æрыздæхт Ирыстонмæ, ам кусын райдыдта.

– Бетъырбухы ахуыргæнгæйæ æмæ кусгæйæ, æхсæз азмæ уырыссаг æвзагыл дзурыныл фæцалх дæн, мæ мадæлон æвзаг рох кæнын байдыдтон. «Инстаграм»-ы мæхицæн фарс сарæзтон æмæ дзы уырыссаг æвзагыл дзырдтон. Фæлæ æмбæрстон, цыдæр мын кæй нæ фаг кæны, уый. Уæд, кæд бынтон хорз нæ арæхстæн, уæддæр мæ фарс райдыдтон амонын ирон æвзагыл. Уайтагъд мæ бафыссæг адæмы нымæц фæфылдæр. Æхсызгон мын у, нæ мадæлон æвзаг зæрдæйæ чи уарзы, уыдон бирæ кæй сты, уый, – зæгъы æрыгон дохтыр.

Зауырбег куыд радзырдта, афтæмæй йæхиуыл зæрдиагæй кусы, уарзы
чингуытæ кæсын мадæлон æвзагыл. Ноджы ма бузныг у йæ ныййарджытæй, царды йæ раст фæндагыл кæй сарæзтой, сахуыр кæныны фадат ын кæй раттой. Æнæ уыдоны æххуысæй йын Уæрæсейы дард горæты зын кæй уыдаид, уый хорз æмбары.

Зауырбег æнцон дæсныйад нæ равзæрста, у хирург. Ныртæккæ кусы клиникæ «Варикоза нет»-ы. Дохтыртæн интернеты  цы платформæ сарæзтой, уым сæ хъуыдытæ ныффыссынц, кæй сдзæбæх кæнынц, уыцы адæм. Æрæджы уыцы платформæйы фылдæр арфæйы ныхæс-тæ райста Хæмыцаты Зауыр. Уымæ гæсгæ нæ республикæйы флебологты ’хсæн нымад æрцыд хуыздæрыл, æмæ йæ схорзæхджын кодтой профессионалон хæрзиуæгæй. Хæмыцайы-фырт ууыл æнцад не ’рлæууыд. Зæрдиагæй аразы профессионалон æмæ социалон проекттæ. Йæ размæ цы нысантæ æвæры, уыдонмæ тырны, æнæрынцойæ архайы.

Куыд зонæм, афтæмæй Иугонд Нациты организаци ЮНЕСКО ирон æвзаг бахаста, сæфты къахыл чи лæууы, уыцы æвзæгты номхыгъдмæ. Хъыгагæн, ныры фæсивæдæй бирæтæ мадæлон æвзагыл стырзæрдæ систы. Фæлæ ма сæ алчидæр йæ фидæныл ахъуыды кæнæд. Фыццаджыдæр, дуне сабыр уæд, æмæ хорз амæндтæ сæ хай уæнт. Зæгъæм, бинонты хъуыддаг бакодтой. Йæ хæдзары, йæ бинонты ’хсæн йе ’ртæ кæрдзыны иронау скувын йæ бон куы нæ уа, уæд уым цавæр ирон æгъдау уыдзæн?

Фæлæ, Ирыстоны Хæмыцаты Зауыры хуызæн патриоттæ куы уа, уæд не ’взаг дæр æмæ нæ фыдæлты рæсугъд æгъдæуттæ дæр сæфт нæ уыдзысты. Зауырбег у ирд дæнцæг уымæн, æмæ, адæймаг цавæрфæнды дæсныйадыл хæст куы уа, уæддæр йæ бон у мадæлон æвзаджы рæзтыл архайын, йæ бахъахъхъæнын. Йæ фæндтæ йæ къухы бафтæнт!

 

ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here