Алцæйы рахæцæн дæр – куыст æмæ фæллой

0
111

Уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы фæндзæм равзæрст Фæсивæдон парламенты æртыккаг æмбырд. Ацы хатт æмбырды архайдта æмæ йæ амыдта РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз.

– Ацы аз æвзæрст æрцыдыстут Фæсивæдон парламентмæ, æмæ уын арфæ кæнын. Уый уæлдай ахсджиаг уымæй у, æмæ ацы аз нæ республикæйы Парламентæн юбилейон кæй уыд, – сæххæст ыл 30 азы. Сымахæн ис, дæнцæгæн хæссинаг чи сты, хистæр фæлтæры уыцы депутаттæ. Закъонæвæрынадон куыст уыдон кодтой уæззау рæстæг, 90-æм сæрзилæджджын азты, стыр паддзахад куы фехæлд æмæ царды æппæт къабæзтæ дæр къуырцдзæвæны куы бахаудысты, уæд. Æмæ ахæм уавæрты хастой дæсны æмæ ахадгæ уынаффæтæ æмæ закъонæвæрынадон хъæппæристæ, республикæйы размæцыдæн ахъаз чи уыд, ахæмтæ. Уымæн æмæ уыдысты иттæг дæсны, бæрзонд профессионалтæ. Сæйрагдæр та – æмбæрстой, сæ нысан кæй у Фыдыбæстæйæн лæггад кæнын, стæй зыдтой, сæ архайдæй аразгæ кæй у нæ республикæ æмæ йæ адæмы фæрныг цард. Уымæ гæсгæ, уæ хистæрты фæлтæрддзинадыл æнцой кæнгæйæ, рох ма кæнут, уæ сæйраг нысан адæмæн лæггад кæнын æмæ нæ республикæйы рæзтæн ахъаз кæнын кæй у, уый, – æмбырд гом кæнгæйæ, йæ разныхасы загъта Тускъаты Таймураз.

Фæсивæдон парламенты куысты архайдтой РЦИ-Аланийы Парламенты депутаттæ, комитетты сæрдартæ Хæдарцаты Аслæнбег, Черчесты Аслан, Остъаты Георги, Хъесаты Ирыстон. Æмæ, Тускъаты Таймураз куыд загъта, афтæмæй уыдон дæр, стæй Парламенты иннæ комитетты сæрдартæ æмæ депутаттæ дæр кæстæр фæлтæрæн сæ закъонæвæрынадон архайды баххуыс кæнынмæ, алы
хъуыддаджы дæр сæ фарсмæ балæууынмæ алкæддæр сты цæттæ.

Фæсивæдон парламенты комитетты сæрдартæй алчидæр æрныхас кодта йæ комитеты куыстыл, æвзæрст куы æрцыдысты, уæдæй абонмæ цы мадзæлттæ арæзтой, ууыл. Ныхас цыд фæсивæды бартæ хъахъхъæныныл, закъонæвæрынадон æгъдауæй дæсны цæмæй уой, уымæй сын æххуыс кæныныл, æрыгæтты æргом æнæниз цардыуагмæ здахыныл æмæ, æвзæр ахуыртæм æмхиц цæмæй ма уой, ууыл архайыныл. Раныхасгæнджытæ дзырдтой, æрыгæттæн куысты бынæттæ цæмæй уа æмæ куыстагур иннæ рæттæм ма цæуой, уымæн мадзæлттæ аразыныл, фæсивæды инновацион æмæ амалхъомадон архайдæн æххуыс кæнын æмæ æндæр ахсджиаг фарстатыл.

Æппæт раныхæстæ дæр фидаргонд æрцыдысты Фæсивæдон парламенты уæнгты æмхъæлæсæй.

Алы раныхасы фæдыл дæр, Фæсивæдон парламенты уæнгтæн æмæ æмбырды архайджытæн Тускъаты Таймураз радта хъæугæ уынаффæтæ æмæ амынддзинæдтæ.

 

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ,
къамтæ систа
Татьянæ ШЕХОДАНОВА

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here