Адæймаг цасфæнды ма фæцæрæд, уæддæр иу бон кæрон æрцæуы йæ цардæн. Кæд Хæмæтхъуаты Æхсарбег æмæ Александр Литвинов æгас нал сты, уæддæр-иу арæх æмбæлдысты Кæрдзыны хъæуы астæуккаг скъолайы ногдзаутимæ æмæ сын-иу фæдзырдтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хабæрттæ.
Ногдзаутæ сæм-иу зæрдиагæй хъуыстой. Александр Литвинов сабиты бирæ уарзта æмæ сын æлхæдта галстуктæ. Сырх галстуктæ лæвар кæнгæйæ-иу йæ мидбылты бахудт æмæ-иу дзы райхъуыст арфæйы ныхас: «Ленинонтæ, ахуыры бæрзæндтæм фæцæут!»
Александр Литвинов кæд уырыссаг лæппу уыд, уæддæр ирон æвзаг æмæ æгъдæуттыл уыд æнувыд. Уымæн æвдисæн стæм æмхуызонæй, зыдтам, ирон бæрæгбонтæ стыр кадимæ кæй æххæст кодта, сæрæнæй кæй архайдта æхсæнадон куысты дæр.
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг Литвинов уыд танкист. Знаджы кæй дæрæн кодта, уымæн æвдисæн сты йæ бирæ майдантæ æмæ И.В. Сталины Арфæйы фыстæг. Афтæ зæгъæн ис, æмæ сæ Александр цæсты гагуыйау хъахъхъæдта.
Сашæйы ма Валодя дæр хуыдтой. Уыцы ном ыл сæвæрдтой мæ уарзон ирон адæм, æмæ сæ дæн бузныг. Раздæр куыста Даргъ-Къохы æфсæнвæндаджы станцæйы, фæстæдæр та – фосхæссæн совхозы механизаторæй. Йæ хорз куысты тыххæй йын лæвæрд æрцыд коммунистон фæллойы хъазуатоны ном. Куыстмæ цæугæйæ-иу йæ фæндаг акодта скъолайыл, абæрæг-иу кодта ног-дзауты. Стыр кад ын уыдис ирон адæмы ‘хсæн, уымæн æмæ йæ цард арæзта хæрзаудæн æууæлтыл.
Хæмæтхъуаты Æхсарбег дæр уыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг, рæзгæ фæлтæры хъомыладмæ уыд къæрцхъус. Арæх бæрæг кодта скъолаты рæзгæ фæлтæры, йæ цæст дардта ахастдзинæдтæм куыд æгъдаумæ, афтæ æхсæнадон куыстмæ дæр. Бабæрæг-иу кодта ахуырадон-куыстадон бригады архайд дæр. Рæзгæ фæлтæры разæнгард кодта бæрзонд хорæрзады куыстмæ.
Уыцы зараг, кафаг лæппуйы фырбуцæй хуыдтой Æхсар. Фæсивæды ахуыр кодта зарын æмæ кафыныл, клубы хъæппæрисадон кафджыты къорд Хæмæтхъуайы-фырты арфæйаг куысты фæрцы рацыд раззагдæрты æмрæнхъ.
Уæдæ-иу Æхсар цы цин-дзинады архайдта, уым-иу хъазт уыдис хъæлдзæгдзинады æвдисæн. Ерысæй дæр дзы кафыдысты фæсивæд, хæрд, нозт сæм кафты раз зынгæ дæр нæ кодта.
Æхсарбег æмæ Валодя тынг æнгом базонгæ сты æмæ алы ранмæ дæр цыдысты иумæ, бирæ уарзтой рæзгæ фæлтæры. Стыр аргъ сын кодтой хъæубæс-тæ, уыдысты æнæзивæг. Сæ цардæй ацыдысты æмæ рухсаг уæнт.
Богазты Арсæмæг, Кæрдзыны хъæуы
хистæр














