Иу хатт ма Нузалы зæппадзы тыххæй

0
120

Арæх ис фехъусæн æхсæнады, Нузалы аргъуаны 13 æнусы  райдайæн  кæй бавæрдтой, уыцы хъæбатыр хъайтары тыххæй алыхуызон ныхæстæ. Бирæтæ фæзæгъынц, паддзах Тамары мой Сослан-Дауыт дзы æвæрд æрцыд, зæгъгæ. Уыимæ, иуæй-иу историктæ дæр ацы хъуыдыимæ разы сты.

Ахуыргæндты иртасæн куыстытæ

Дзæнæты бадинаг Хъантемыраты Эльбрус бæстæзонæн музейы хистæр наукон кусæг уыд. Уый бæлвырд иртасæн куыст кодта, нæ фыдæлты историимæ цыдæриддæр
фарстатæ баст уыдис, уыдон равзарыныл. Уæлдай тынгдæр йæ зæрдæ рыс-
тис, Нузалы астæу цы зæппадз лæууы, ууыл. 800 азæй фылдæр кæуыл цæуы, уыцы рагон объект бахауд цæрджыты ахæсты, йæ алыварс хæдзæрттæ сарæзтой æмæ сæ цæхæрадæтты дон дæр калдис зæппадзы цурмæ. Дон ын йæ бын æмæ йæ  фæрстæ хордта, æмæ иу рæстæг æдзæллаг уавæрмæ æрцыд. Афтæмæй та  объектæн ис федералон культурон ахадындзинад. Эльбрус ацы уавæрмæ бирæ нал фæкаст, фæлæ фæныхас кодта хъæуы цæрджытимæ, цæмæй сæ дондзæуæн
системæ  зæппадзы фæзæй аздахой. Йæ сæрмæ та йын саразын кодта фидар æрмæгæй бæрзондгомау цатыры хуызæн цар, цæмæй рагон историон
объектыл къæвдатæ ма уарой, миты уæзæй ма ныккæла. Ацы хъуыддагыл  бахардз кодта йæхи фæрæзтæ. Йæ бон цас уыд, уымæй кастис æмæ хъахъхъæдта цырт-
дзæвæн.

Эльбрус бирæ цымыдисаг хабæрттæ зыдта, æмæ-иу æм адæймаг хъу-
сынæй не ‘фсæст. Йæ кусæн уаты та-иу æдзух дæр уыд Ирыстоны алы хъæутæй уазджытæ. Уый ууыл дзурæг уыд, æмæ Эльбрус йæхимæ æлвæста, рагон хабæрттæ æмæ нæ фыдæлты хæзнатæ цымыдисаг кæмæ кастысты, уыцы адæмы, æмæ йæм цыдысты зæрдиагæй байхъусынмæ. Нузалы аргъуаны Сослан-Дауыт æвæрд æрцыд, уый тыххæй Хъантемыры-фырт афтæ загъта:

«Незаманты-иу паддзах куы амард, уæд æй ныгæдтой стыр кадимæ. Йемæ йын-иу бавæрдтой бирæ сыгъзæрин, æвзист, суанг ма йын мæрдты лæггад чи кодтаид, ахæм фæсдзæуинты, бæх дæр, æнæмæнг, хæдзары дзаумайы онг. Æххуырст адæймæгты-иу амардтой æмæ йын сæ ныгæдтой йæ алыварс. Нузалы аргъуаны къулрæбын 40-æм аз археолог Евгения Пчелина  æмæ антрополог Мамыкъаты Таймураз дурæй конд  ингæн куы  сыгом кодтой, уæд уым  та,  хæс-тон хотыхтæй уæлдай, ницы разынд æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, стæгдар. Стæгдарæн йæ уæраджы стæг  хъыгдард кæй уыд, уымæн æвдисæн фæстæдæр сси, ингæны кæй ссардтой, удæгасæй хъайтар йæ уæрагыл бастæй кæй дардта, ахæм сæрачы гæбаз. Мамыкъайы-фырт  æмæ Евгения Пчелина уæд æрцыдысты ахæм хатдзæгмæ: ома, Дауыт-Сосланы ингæн у, зæгъгæ. Фæлæ Историиртасæг, зындгонд Владимир Кузнецов не сразы сæ хъуыдыимæ. Уый бæлвырддæр иртасæн куыст бакодта æмæ йæ  бацамыдта, ингæны Цæразонты фараст æфсымæрæй сæ иу, Ос-Бæгъатыр, ныгæд кæй æрцыд, уый», – дзырдта Хъантемыраты Эльбрус.

Чи уыдис Ос-Бæгъатыр?

Владимир Кузнецов сæрмагондæй йæ монографи «Реком, Нузал и Ца-
разонта»-йы фыста: «Бæгъатыр уыд Уæлладжыры комы æппæт  мыггæгты фыдæл, астæуккаг æнусты аланты фæстаг паддзах,  историйы йæ ном бæлвырд нæу, ис ахæм вариант, æмæ йæ ном хуындис  Фидар, æфсымæрты нæмтты ранымадмæ гæсгæ, фæлæ  чырыстон дины амынд цæуы Елиайæ.  Йæ хæрзконд, уынд, зонд æмæ хъаруйæн  æмбал нæ уыд. Тыхджын, ныфсхаст хъæбатыры ирон адæм хуыдтой Бæгъатыр, уырыссагау Богатырь. Разæфтуан «Ос» та – йæ адæмыхатты этникон нысан. «Ос»-осетин. Ос-Бæгъатыр тох кодта Сыгъзæрин Орда æмæ
гуырдзиаг æлдæртты ныхмæ. Тæтæр-монголы ныббырст 12 æнусы кæрон æмæ 13 æнусы райдайæн  цæхгæр аивта этникон картæ. Бирæ адæмыхæттытæ бындзарæй сæфт æрцыдысты, иннæтæ та чысыл къордтæй тæригъæддаджы бонтæ æрвыстой хæхты кæмтты. Уыцы ныббырсты алайнаг æхсæнад дыууæ ныхмæлæуд къордыл  адих. Иуæрдыгæй – ирон æлдæртты хай, сæ дæлбар чи уыдис, уыдонимæ фес-
ты тыхджындæрты фарс. Иннæ хай та дарддæр хæцыд монголты ныхмæ. Монгойлаг хан Мункэйы мæлæты фæстæ, монгойлаг импери дæр ныддихтæ. Фæзынд сæм цалдæр паддзахады, уыдонæн сæ тыхджындæртæ уыдысты Сыгъзæрин Орда æмæ ирайнаг ильхан Хулагидты паддзахæдтæ.  Ордайы паддзахадмæ æфтыд æрцыдысты: Хъырым, Цæгат Кавказ, Волгæ æмæ Сау денджызы былгæрæттæ. Хулагидты паддзахадмæ та: Иран, Ирак, Афганистан, Азербайджан.  Гуырдзы æмæ Сомих та се ‘ххуырстытæ систы.  Ацы дыууæ паддзахады æхсæн карз тох  цыд Фæскавказ бацахсыныл. Хæст цыдис Терчы былгæрæтты, алайнаг ирæттæ кæм цардысты, уым. Хулагидты æфсад састы бынаты баззад. Уыцы састы фæстиуджытæ та ирон адæмæн уæззау разындысты. Уыдон расидтысты миграцийы уылæн Цæгатæй Хуссармæ, Гуырдзымæ. Ильханты хицауад Гуырдзыйы алайнаг политикон мигрантты æрбынæттон кодта Жинвали, Дменис, Калак æмæ Гуры. Ос-Бæгъатыр йæ æфсадимæ архайдта Гуырдзыйы мидхæстыты дæр. Зондджын политикон фæтæг æмгуыст кодта, Хулагидтимæ Цæгат Кавказ чи байста, уыцы Сыгъзæрин Ордайы ныхмæ. Ос-Бæгъатыр йæ уд хъардта, ирон адæм миграцийы рæстæг цы зæххытыл æрцардысты Кавказы хуссайраг фарс, уый фæуæрæхдæр кæныныл.  Сæххæст кодта йæ хæс стыр æнтыстимæ. Гуры фæстæ ирæттæ æрцардысты хохрæбынтæй дарддæр, ныры Хуссар Ирыстоны. Афтæмæй сын фадат фæци сæ дарддæры историон рæзтæн.

Ирыстоны историйы ацы цауы фæстæ Ос-Бæгъатыры фæлгонц таурæгъон хуымæтæджы не сси. Уый уыдис йæ комы цæрджыты сæрыл хæцæг, бахъуаджы сахат-иу йæ дыууæсæдæ хæстонмæ фæдзырдта æмæ-иу йæ адæмы сæрыл  ныфсджынæй  æрлæууыд фыдгулы ныхмæ. Бæгъатырæн йæ цард æмæ йæ мæлæт æнгом баст сты Гуырдзыимæ. Ирон адæмы историйы уыдис дыууæ Ос-Бæгъатыры. Фыццаг цардис 5-æм æнусы, хæцыд гуырдзиаг паддзах Вахтанг Горгасалиимæ. Дыккаг та, ацы уацы кæй кой кæнæм, уый. 1306 азы лæгæй-лæгмæ тохы Гуырдзыйы Ос-Бæгъатыр уæззау цæфты фæстæ амард 45-аздзыдæй. Нæртон хъæбатыры æрластой йæ фыдыуæзæг Нузалмæ æмæ йæ номыл цы зæппадз сарæзтой, уым æй бавæрдтой. Йæ хотыхтæ та йын йæ ингæны уæлæ сæвæрдтой. Йæ ном сæнусон кæныны фæдыл Мамысонгомы Тлийæ æрхуыдтой нывгæнæг Болайы æмæ уый зæппадзы къултыл  сныв кодта фараст æфсымæры сурæттæ, æфсымæрты номæй ма дзы ныффыста æмдзæвгæйы хуызы рæнхъытæ «Мах уыдыстæм фараст æфсымæры».

Бæгъатыры хотыхтæ Рекомы сæвæрдтой, уырдыгæй та сæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты размæ Алагиры бæстæзонæн музеймæ аластой, фæлæ немыц куы æрбабырстой, уæд давд æрцыдысты.

 

Фыццаг ирон нывгæнæг Бола Тлийаг

Бола Тлиаджы тыххæй историиртасджытæ дæр бæлвырд ницы зыдтой. Фæлæ нæм, 2001 азы фыстæг æрбацыд Бирæгъзæнгæй Суанты Виссарионæй. Уый  Болайы тыххæй ахæм æрмæг æрбарвыста: «Нузалы аргъуаны нывтæ скодта Бола Тлийаг. Нæ мыггаджы хистæртæ, бæлвырддæр та Суанты Хъауырбегæй уый фæдыл бирæ диссæгтæ фехъуыстон. Хъауырбег уыд рухстауæг. Бирæ азты фæкуыста хæхбæсты ахуыргæнæгæй. Архайдта æхсæнадон-политикон змæлды. Зыдта нæ мыггаджы равзæрды истори. Дзырдта, зæгъгæ, Зилахары цæрæг Сапсы-
хъойæн уыд цыппар фырты: Цæллаг, Суан, Дауыр æмæ Малсæг. Куы байуæрс-
той, уæд алы рæттæм сæхи айстой. Æртындæсæм æнусы Суан алыгъд Мамысонмæ æмæ æрцард Тлийыхъæуы. Рæвдз уыд алы куыстмæ дæр, уæлдайдæр куырды куыстмæ. Сыгъзæрин къухтæ, дам, ын уыд. Æфсæйнагæй-иу цы нæ сарæзта, ахæм нæ уыд. Ууыл ахуыр кодта йæ иунæг лæппу Болайы дæр. Фæлæ Бола фылдæр уарзта нывтæ кæнын. Кæрдæджытæ, дидинджытæ æмæ фосы тугæй фыхта алыхуы-
зон ахорæнтæ. Хæдзæртты къултыл, дуртыл нывтæ кодта. Уыцы рæстæг чырыс-
тон дин хæхбæсты хæлиу кодтой гуырдзиаг миссионертæ. Чи зоны, уыдонæй исчи Болайы куыстытыл йæ цæст æрæвæрдта. Бола балымæн дингæнджытимæ. Аргъуаны йыл саргъуыдтой, æмæ райста ном Никъала. Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу Гуырдзымæ абалц кодта. Хатт-иу дзы фæци дзæвгар рæстæг. Уым-иу йæ нывкæнынады дæсныдзинад фæбæрзонддæр кодта. Гуырдзиаг сауджынтæн лымæн нывгæнджытæ дæр уыдис. Фæлæ Бола уыдонæй рæвдздæр уыд, æмæ хæхбæсты цы аргъуантæ арæзтой, уыдоны нывтæ кодта. Йæ дæсныдзинад равдыста тынгдæр, Тлийы цы стыр аргъуан уыдис, уым, Зруджы æмæ Мады-Майрæмы аргъуанты нывты. Уыцы рæстæг Бола адæммæ хаста Чырыстийы ныхас дæр. Хуыцауыл фæдзæхс-
та ирон адæмы. Бола та иу афон афтыд Гуырдзыстонмæ. Уым дæр дины
куыст кодта. Уырдыгæй ацыд Туркмæ, стæй Йерусалиммæ. Йæ нывты бынмæ-иу йæ къух бафыста æртæ хуызы: «Бола Тлийаг», «Суаны-фырт», «Бола Туаллаг». Хистæртæ куыд дзырдтой, афтæмæй Бола сси дины зындгонд архайæг. Зæронды бонмæ йæ нывкæныны куыст нæ ныууагъта. Æрыздæхт йæ хъæумæ æмæ мæлгæ дæр уым акодта. Ныгæд та æрцыд Зруджы комы Мады-Майрæмы аргъуаны кæрты. Болайæн баззад æртæ фырты: Мырзабег, При æмæ Гобе. Хистæрты ныхæстæм гæсгæ, мах хæдзарвæндаг рацыд Мырзабегæй. Азфыст дæ къухы куы нæ уа, уæд зын у, бирæ æнустæ кæуыл рацыд, уыцы цаутæ сбæлвырд кæнын, фæлæ Суан нывгæнæг,  чырыстон дин ирон адæмы ‘хсæн хæлиугæнæг кæй уыд, уымæн нæ мыггаджы æвдисæн ис уазныв-иконæ. Суантæ йæ бахъахъхъæдтой бирæ
æнусты».

Къорд азы размæ нæ хицауады æмбырды ныхас цыдис Дауыт-Сосланæн Дзæуджыхъæуы бюст саразыны фæдыл, фæлæ нæ республикæйы историктæ уыцы хъæппæрисимæ не сразы сты. Дауыт-Сослан Ирыстонæн æппындæр кæй ницы сарæзта, уый тыххæй æргом сæ хъуыды загътой. Бирæ  рæстæг рацыд, уæлдæр цы хъæбатыры кой ракодтон, уый царды бонтæй фæстæмæ. Æцæгдзинад сбæлвырд кæнын никæйуал къухы бафтдзæн. Уæвгæ, чи уыд уыцы хæстон, кæмæй уыд, куыд фæмард, уыцы хабæрттæ æнусты тар мигътæ сæхгæдтой. Адæмы зæрдæйы ма баззадысты, æнусæй-æнусмæ дзыхæй дзургæ сфæлдыстады кæй лæвæрдтой, уыцы цаутæ, уыдоныл дæр рæстæджытæ сæхи ног «пæлæз» баппæрстой.

 

Саутæты Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here