Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн

0
101

Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ сывæллæттæн Уæрæсейы уæлдæр ахуыргæнæндæтты ацы азы дихгонд æрцыд 29 мин льготон бынатæй фылдæр.

Ахæм нымæцтæ дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæн фехъусын кодта УФ-йы Паддзахадон Думæйы Сæрдар Вячеслав Володин.

Уыимæ, спикеры ныхасмæ гæсгæ, амынд къорды минæвæрттæн уæлдæр ахуыргæнæндæтты лæвæрд льготон бынæтты нымæц фæстаг аз 2 хатты фæфылдæр. «Фарон льготон фæткы бындурыл уæлдæр ахуыргæнæндæтты студенттæ систы 15 мины бæрц, а фæззæг та – 29 мин адæймаджы», – бафиппайдта Паддзахадон Думæйы Сæрдар.

Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонтæн уæлæмхасæн паддзахадон æххуысы фарстатыл дзургæйæ, Вячеслав Володин куыд фæнысан кодта, афтæмæй адæмы ацы къорды пайдайæн Паддзахадон Думæ фæстаг цалдæр азы дæргъы сфидар кодта 148 сæрмагонд закъоны. «Къуыри размæ уыцы закъонтыл бафтыд ноджыдæр ма иу. Ныр сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн ис дыккаг астæуккаг профессион ахуырад лæварæй райсыны фадат», – загъта Паддзахадон Думæйы спикер.

(«РИА Новости»)

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here