Арфæтæ – ирвæзынгæнæг службæйы минæвæрттæн

0
38

Æрвылаз Уæрæсейы 27 декабры бæрæггонд цæуы Ирвæзынгæнæджы бон. Сæ профессион бæрæгбоны агъоммæ уæрæх æмбырд уыд УФ-йы Æнæнхъæлæ-
джы уавæртæ ма ‘руадзын æмæ алыхуызон фыдбылызты фæстиуджытæ иуварс кæныны фæдыл паддзахадон системæйы цæгатирыстойнаг дæлхайады разамонæг кусджытæн.

Ныхасы архайджытæ бахыгътой 2025 азы куысты рагагъоммæ бæрæггæнæнтæ, стæй фæнысан кодтой хæстæгдæр фидæны архайды сæйраг фæндæгтæ.

Азы бæрæггæнæнтæ æмæ сæвзæргæ оперативон уавæры тыххæй уыд йæ раныхас Уæрæсейы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады РЦИ-Аланийы Сæйраг управленийы хицауы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Кокайты Аланæн. Уый бæстон æрлæу-
уыд æнæнхъæлæджы цауты профилактикæ æмæ зынгсирвæзтытимæ тохы, службæйы техникон ифтонгдзинады, кусджыты профессион цæттæдзинад æмæ æндæр ахæм ахсджиаг фарстатыл.

Кокайы-фырт куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй азы дæргъы службæйы радгæс къордтæ карз тох кодтой æрдзон æмæ æндæр зынгсирвæзтытимæ, алыхуызон æнæнхъæлæ-
джы цауты рæстæг хæхтæ æмæ цæугæдæттыл арæзтой агурæн-ирвæзынгæнæн куыстытæ… Ахæм мадзæлтты фæрцы фыдбылызтæй аирвæзын кодтой 100 адæймагæй фылдæр (уыдонимæ – сывæллæттæ дæр). Æмбæлгæ фæткыл куыста иумæ-
йаг диспетчерон службæ «112» дæр – уырдæм алыхуызон æнæнхъæлæ-
джы цауты фæдыл адæм азы дæргъы балæвæрдтой 600 мин курдиатæй фылдæр.

Ирвæзынгæнджыты профессион бæрæгбон кæй æрбахæццæ, уый зæрдыл даргæйæ, æмбырды архайджытæ кад скодтой управленийы хуыздæр кусджыты къордæн.

Уæрæсейы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады РЦИ-Аланийы Сæйраг управленийы разамынд æмæ æппæт службæты минæвæрттæн бæрæгбоны арфæтæ ракодта Цæгат Ирыстоны Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис. Уый фæстæ республикæйы паддзахадон хæрзиуджытæ саккаг кодтой службæйы разагдæр кусджытæн.

Афтæ, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы Указæй кадджын ном «Цæгат Ирыстоны сгуыхт ирвæзынгæнæг» лæвæрд æрцыд фыццаг къласы ирвæзынгæнджытæ Сарахъаты Эдуард æмæ Сланты Аланæн, РЦИ-Аланийы Кады грамотæтæй та схорзæхджын кодтой дыккаг къласы ирвæзынгæнджытæ Абайты Чермен æмæ Гаджиты Хъазыбеджы.

Æмбырды архайджытæ фæбæрæг кодтой, УФ-йы Æнæнхъæлæджы уавæртæ ма ‘руадзын æмæ алыхуызон фыдбылызты фæстиуджытæ иуварс кæныны фæдыл паддзахадон системæйы сконды ахадгæдæр куыст чи кодта, уыцы структурон дæхайæдтæ дæр. Уыдоныл банымадтой Дзæуджыхъæуы муниципалон сконд æмæ Алагиры районы иумæйаг радгæс-диспетчерон службæ.

СЛАНТЫ Аслан

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here