Уæлдæр ахуыргæнæндæтты æмдзæрæнты рацарæзт

0
36

Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы хъæппæрисæй 2025 азы йæ тыхы бацыд уæлдæр профессион ахуырады кусæндæтты æмдзæрæнты бындурон цалцæджы федералон программæ. Уый уагæвæрды бындурыл æппæт бæстæйы регионты рацараздзысты 800 æмдзæрæнæй фылдæр.

Ацы аз ахæм куыстытæ æххæстгонд цæуынц 44 уæрæсейаг регионы 109 объектыл. Нысангонд куыстыты фæткмæ сæ цæст дарынц парти «Иугонд Уæрæсе» æмæ Нау-
кæ æмæ уæлдæр ахуырады федералон министрады иумæйаг штабы уæнгтæ. Штабы радон æмбырды куыд загътой, афтæмæй 2026 азы пъланмæ та бахастæуыд 36 æмдзæрæны рацарæзт.

«Уæлдæр ахуыргæнæндæтты æмдзæрæнты бындурон цалцæджы куыс-
тытæ нымад сты «Иугонд Уæрæсе»йы адæмон программæйы иу хайыл. Уыимæ, партийы хъæппæрисæй æппæт нысангонд куыстытæн дæр бюджеты æвæрд цæуынц хъæугæ фæрæзтæ. Уый фæдыл Президент Владимир Путин хицаудзинады оргæнты разамонджытæн ратта бæлвырд амынддзинæдтæ. 2025 æмæ 2026 азты пълантæ бæлвырд сты, 2027 азы программæмæ та бахæссынвæнд кæнæм 117 æмдзæрæны рацарæзт. Афтæ, цалдæр азмæ нысан æвæрд цæуы, цæмæй амынд инфраструктурон объекттæ нывылгонд æрцæуой», – бафиппайдта «Иугонд Уæрæсе»-йы центрон æххæсткомы разамонæг Александр Сидякин.

Уымæй уæлдай, штабы уæнгтæ зæрдыл æрлæууын кодтой Президенты иннæ амынддзинад дæр – уæлæмхасæн мадзæлттæ саразын наукæ æмæ ахуырады центрты хъомысджын райрæзтæн. Уыцы нысанимæ 2030 азы онг бæстæйы регионты хъуамæ арæзт æрцæуой 25 университеты ног бæстыхæйттæ. Уыимæ, ныридæгæн бæлвырдгонд æрцыдысты, ног кампустæ кæм сараздзысты, уыцы 25 университеты. 2036 азмæ та ног бæстыхæйттæ хъуамæ саразой 40 университетæн.

Азы куыстытæн рагагъоммæ хатдзæгтыл, стæй фидæны пълантыл æрныхас кодтой федералон штабы уæнгтæ. Сæ хатдзæгмæ гæсгæ, æмткæй райсгæйæ, нысангонд
куыстытæ æххæстгонд цæуынц графикты бындурыл. Уыимæ, бæстон цæстдард ис цалцæджы хæрзхъæддзинадмæ, стæй æмдзæрæнтæ хъæугæ хæдзары дзаума æмæ техникæйæ ифтонг кæнынмæ.

САНАТЫ Альбинæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here