Сæйрагдæр – цæрджыты æдасдзинад Ног азы бæрæгбæтты рæстæг

0
65

РЦИ-Аланийы Хицауады радон æрвылкъуырион аппаратон æмбырд амыдта республикæйы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО. Архайдтой дзы министрадтæ æмæ ведомствæты разамонджытæ, районты администрациты сæрдартæ. Ныхас кодтой республикæйы экономикæ æмæ социалон рæзты фарстатыл, афæдзы кæроны бæрæггæнæнтыл.

Хицауады Сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег йæ доклады фехъусын кодта республикæйы оперативон уавæр.

– Цæгат Ирыстоны æппæт сæрмагонд службæтæ дæр архайынц æрвылбоны цæттæдзинады уавæры. 22 декабрæй 28 декабрмæ республикæйы æрцыд 18 зынгсирвæзты. Хъыгдард дзы ничи баййæфта. Цæгат Ирыстоны автоинспекцийы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, республикæйы фæндæгтыл æрцыд 127 фæндаггон фыдбылызы. Хъыгдард дзы баййæфтой 25 адæймаджы. Хъыгагæн дзы иу адæймаг фæмард. Боныхъæды аххосæгтæм гæсгæ, Арвыком æмæ Транскамы фæндæгтæ уыдысты æхгæд, фæлæ уавæр хуыздæрæрдæм куы фæивта, уæд сæ байгом кодтой. Республикæйы фæндæгтыл лæууынц 2050 транзитон уæзласæн машинæйы, 1612 та – электронон рады. Ивгъуыд къуырийы дæргъы Уæрæсейы Федераци æмæ
Гуырдзыстоны арæныл дыууæрдæм ахызтысты 19165 автотранспортон
иуæджы æмæ 46350 адæймаджы, – загъта Томайы-фырт.

Республикæйы Мидхъуыддæгты министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, ивгъуыд къуырийы дæргъы регионы æрцыд 145 фыдракæнды, раргом кæнын дзы бантыст 75. 22 декабрæй 28 декабрмæ канд Дзæуджыхъæуы нæ, фæлæ республикæйы районты скъолатæм дæр (æдæппæтæй 59 скъоламæ) бадзырдтой террористон акты фæдыл, рæмудзæн æрмæг дзы ис, зæгъгæ. Мидхъуыддæгты оргæнты кусджытæ, æвæстиатæй æппæт оперативон мадзæлттæ саразгæйæ, сбæрæг кодтой, уыцы хъусынгæнинæгтæ мæнг кæй сты, уый. Дарддæр дæр цæуынц слестгæнæн куыстытæ.

Сергей Меняйло Æнæнхъæлæджы уавæрты, Мидхъуыддæгты æмæ фæрæзтæдæттæг министрадтæн бахæс кодта Ног азы бæрæгбæтты рæстæг оперативон штабтæ саразын, цæмæй бæрæгбæттæ ацæуой æнæфыдбылыз æмæ æнæкъуыхцыйæ. Уыимæ бафæдзæхста, алыхуызон рæмудзæн æрмæджытæй æнæзакъонæй пайда кæныны хъуыддагмæ цæстдард фæкарздæр кæнын.

– Нæ сæйрагдæр хæс у, цæмæй адæм хорз баулæфой. Не ’ппæт хъарутæ дæр хъуамæ саразæм бæрæгбæтты æдасдзинадмæ. Фылдæр æргом аздахут сидзæр сывæллæттæ æмæ, æнæ хиуæттæй чи баззад, уыцы хистæр кары адæммæ. Рохуаты хъуамæ иу адæймаг дæр ма баззайа, – загъта республикæйы Сæргълæууæг.

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг Отарты Георги æмбырды фехъусын кодта, 25 декабры стадион «Спартак» кæй скуыста, уый. Сергей Меняйло уый фæдыл бахæс кодта, стадион футболон клуб «Алания»-йæн раттыны фæтк сбæрæг кæнын.

Республикæйы разамонæг ма æмбырды фæбæрæг кодта, Цæгат Ирыстон паддзахадон программæтæ æмæ национ проекттæ баххæст кæныны хъуыддаджы нæ республикæ бæрзонд æмвæзадмæ кæй схызт, уый.

– Афæдз бирæ зындзинæдтимæ ахицæн, фæлæ – бæрзонд æнтыстдзинæдтимæ. Уыдис алыхуызон къуылымпытæ, тæссаг æмæ зын уавæртæ, фæлæ уæддæр нæ къухы бирæ хъуыддæгтæ бафтыд, – загъта Сергей Меняйло.

Республикæйы Сæргълæууæг, Ног азы арфæтæ ракæнгæйæ, фæбæрæг кодта, уæлдай хъазуатонæй йæ куысты йæхи чи равдыста, уыцы бæрнон кусджыты. Уыдоны ’хсæн сты: РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг Отарты Георги, вице-премьер Платы Альбинæ, республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ, нæ республикæйы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министр Хъараты Тимур æмæ РЦИ-Аланийы арæзтад æмæ архитектурæйы министр Бетанты Марат.

– Ног аз æнцондæр нæ уыдзæн. Алы бон нæ тæрсын кæнынц мæнг хъусынгæнинæгтæй æмæ æнæтæхæг аппараттæй. Уымæ гæсгæ нæ хъæуы архайын, цæмæй бæрæгбæттæ æдасæй, æнæфыдбылызæй ацæуой, ууыл. Æнæнхъæлæджы исты куы ’рцæуа, уæд та йæ хъæуы афойнадыл аиуварс кæнын, – фæбæрæг кодта Сергей Меняйло.

 

ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here