Назбæласы бæрæгбон

0
43

Ног азы бæрæгбоны мадзæлттæ «Иугонд Уæрæсе»-йы æххуысæй конд цæуынц партийæн æхсæнадон æххуысы штабы фæзы. Æдæппæтæй аххæсдзысты 300 сывæллоныл, уыдон сты бирæсывæллонджын æмæ æвæрæз бинонты, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты, æнæниздзинады цыбыргонд авналæнтимæ сабитæ.

Митын Дада æмæ Митæ сывæллæттæн скæндзысты кафты æмæ зарды конкурс-
тæ назбæласы алфамбылай, сабитæ кæрæдзийы къухтыл хæцгæйæ назбæласы алыварс æрзилдзысты, партийы уæнгтæ бæрæгбонмæ бацæттæ кодтой адджын лæвæрттæ. «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады нымæрдары хæдивæг Едзойты Марат куыд радзырдта, афтæмæй ахæм хæрзаудæн акцитæ парти æрвылаз дæр скæны.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, чысыл сабитæн скæнынц ногазон бæрæгбæттæ, «Фæндæтты назбæлас»-мæ æрбаиу вæййынц æппæт депутаттæ дæр. «Сывæллæттæм цы фæндæттæ æмæ курдиæттæ фæзыны, уыдон сын мах Ног азмæ сæххæст кæнæм. Уымæй уæлдай, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæн Ног азы тыххæй раарфæ кæнæм, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты сывæллæтты æрхъуыды кæнæм. Ахæм бæрæгбоны мадзæлттæ кæнæм æппæт республикæйы дæр, нæ партийæн æхсæнадон æххуысы штабмæ Дзæуджыхъæуы æрбацæудзæн 300 сывæллоны бæрц», – загъта Едзойы-фырт.

Ацы хæрзаудæн хъуыддæгтæ конд цæуынц адæмон программæйы руаджы, уым фæкæсынхъуаг адæмы цур балæууын нымад у ахсджиаг нысаныл.

 

Санаты Альбинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here