Цæгат Ирыстон цы ахадгæ федералон фыццаградон проектты архайы, уыдонæй иу у нысанмæарæзт программæ «Хъæууон ахуыргæнæг». Ацы программæ сси национ проект «Фæсивæд æмæ сывæллæттæ»-йы дæлхайад – комкоммæ ахады хъæууон ахуырадон кусæндæттæ хъæугæ дæсны специалисттæй ифтонг кæныны хъуыддагыл.
Фæстаг цалдæр азы дæргъы дæсгай педагогтæ систы амынд программæйы архайджытæ, сæ куысты бынæттæ раивтой хъæууон скъолатæм.
Программæйы фадатæй чи спайда кодта, уыдонæй иу у фæлтæрдджын ахуыргæнæг Екатеринæ Красовская (йæ педагогон стаж у 15 азæй фылдæр). Хъæугæ гæххæттытæ бадæтгæйæ, Екатеринæ конкурсы йæхи æнтыстджынæй равдыста æмæ 2024 азæй фæстæмæ ныр кусы Горæтгæрон районы Октябрыхъæуы 2-æм астæуккаг скъолайы
англисаг æвзаджы ахуыргæнæгæй.
Амæй размæ та куыста Дзæуджыхъæуы скъолаты, уыд немыцаг æмæ англисаг æвзæгты ахуыргæнæг. Фæлæ йæ рагæй фæндыд хъæууон скъолайы кусын. Æмæ уыцы нысан ныр йæ къухы бафтыд (уыимæ ма, цæргæ дæр кæны йæ ног куыстмæ æввахс бынаты).
«Программæ «Хъæууон ахуыргæнæг»-ы архайæг куы сдæн, уæд мæ цард фæхъæздыгдæр бирæ ногдзинæдтæ æмæ ног нысантæй, фæзынд мæм арфдæр тырнындзинад профессион дæсныдзинады бæрзæндтæм. Мæ хъарутæ бавзæрс-тон профессион дæсныдзинады конкурс «Азы ахуыргæнæг» æмæ рухстауæн проект «Ахуырады раздзогтæ»-йы. Уыимæ, мæ къухы бафтыд мæ рагон фæнд – фылдæр рæстæг æрвитын хъæууон цæрæн бынаты», – зæгъы Екатеринæ.
Ахуырад æмæ наукæйы министрады куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй амынд программæйы фæрцы бирæ дæсны специалисттæ фæстаг азты кусын райдыдтой хъæу-уон æмæ чысыл горæтты скъолаты (уыимæ, программæйы архайыны фадат ис, куыд æрыгон специалисттæн, афтæ фæлтæрдджын ахуыргæнджытæн дæр). Сæрмагонд къамис кæй равзары, уыцы специалисттимæ бафыссын бадзырд, 5 азы хъæууон скъолайы кæй бакусдзæн, уый фæдыл. Ахæм бадзырды бындурыл специалистæн иухаттон паддзахадон æххуысы хуызы раттынц 1 милуан сомы (уыцы фæрæзтæ ахуыргæнæг хардз кæны йæхи фæндонмæ гæсгæ).
Дмитрий Астахов














