Республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр
Мытцыты Астаны ныхасæй Цæгат Ирыстоны скусдзысты паддзахадон 73 стоматологон бынаты. Уыдонæй 9 уыдзысты сывæллæттæн, утæппæт стоматологон бынæттæ цæрджыты дæндæгты низтыл аххæсдзысты.
Министр куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй бавналдзысты рынчындæтты, поликлиникæты, амбулаториты дæндæгты низтæ дзæбæхгæнæн бынæттæ аразынмæ. Паддзахадон стоматологон æххуысы хуызтæ дæр æрхаста Мытцыйы-фырт. «Паддзахадон зæрдæдарæнты æмæ Æнæмæнг медицинон фæ-дзæхстады фонды программæтæм гæсгæ, æххуыс кæндзыстæм терапевтон æмæ хирургон низтæ дзæбæх кæнынæй. Хъыгагæн, протезтæ æвæрыны фадат федералон æмвæзады фидаргонд не ‘рцыд. Фæлæ паддзахадон зæрдæдарæнты прог-раммæ алы аз дæр ивд цæуы. Чи зоны, тагъд рæстæджы ортопедийы æмæ ортодонтийы æххуысы фадæттæ дæр прог-
раммæйы фæзындзысты, Æнæмæнг медицинон фæдзæхстады фонды руаджы адæммæ хæццæ кæндзысты», – загъта РЦИ-Аланийы Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр.
Паддзахадон стоматологон поликлиникæтæ хъæугæ кадртæй ифтонг уы-
дзысты. «Дыууæ-æртæ азы размæ мах уæрæсейаг уæлдæр ахуыргæнæндæтты ординатурæтæм арвыстам Медакадемийы рауагъдонты. Ныр æрыздæхтысты фæстæмæ, кадртæхъуаг не стæм, 73 стоматологон бынаты æнæмæнг скусдзысты», – фæбæрæг кодта министр. Лæвар медицинон æххуыс цæгатирыстойнæгтæ ис-
дзысты Æнæмæнг медицинон фæдзæхстады полисты руаджы.
Мытцыты Астан куыд загъта, афтæмæй фæрæзтæ фаг уыдзысты, нырмæ уал хицæн адæймæгты стоматологон кусæндæттæй фæрæзтæ систой æмæ сæ паддзахадон стоматологитæн раттой. РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло куыд бафæдзæхста, афтæмæй Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад хъуамæ дзæбæхгæнæндæтты байгом кæна паддзахадон стоматологон бынæттæ.
Æнæниздзинад
хъахъхъæнынады
министрады
пресс-службæ














