Хистæркъласонтимæ фембæлд

0
70

Барадхæлдтытæй æнахъомты бахизыны фæдыл иудадзыгон куыст æххæст кæнгæйæ, нæ республикæйы Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ æмæ амынд ведомствæйы Æхсæнадон советы уæнгтæн уыд къорд фембæлды Дзæуджыхъæуы Советон Цæдисы Хъæбатыр Остъаты Алексейы номыл 25-æм астæуккаг скъолайы хистæркъласонтимæ.

Алы адæймагмæ дæр закъон æххæст кæныны хъуыддаджы бæрнондзинад кæй хауы (уæлдайдæр та – нымæцон техникæйы заман), фæсивæды раз ныхас кæнгæйæ, Æхсæнадон советы уæнг Кодзырты Ян уый бафиппайдта.

– Интернеты мыхуыргонд хабæртты аххосæй сайд цæмæй ма фæуат, уый тыххæй ацы хабæртты æцæгдзинад æмæ мæнгдзинад æмбæлы бæлвырд кæнын. Тæссагдзинад афоныл цæмæй рахатат, ам уый тыххæй ныхас кæнæм, – загъта Кодзыры-фырт.

Адæймагмæ экстремизмы æмæ террористон архайды тыххæй бæрнондзинад кæй хауы, пъæлицæйы хистæр лейтенант Александр Адамов скъоладзаутæн уый бамбарын кодта.

Интернеты фæрцы цæстфæлдахджытæ адæмæн æнæзакъон организациты уæнгтæ суæвыны фæндон дæр кæй бахæссынц, амынд министрады экстремизмы ныхмæ архайды центры хайады хицауы хæдивæг, пъæлицæйы дæлбулкъон Виктория Мурашко хистæркъласонтæн уый тыххæй хабар фехъусын кодта. Хинæйдзаг хъусынгæнинæгтæй хи хъахъхъæнын кæй æмбæлы, æнахъомтæн уый тыххæй хабæрттæ радзырдтой.

 

РЦИ-Аланийы
Мидхъуыддæгты
министрады
пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here