2026 азы ногазон каникулты рæстæг дунеон аэропорт «Дзæуджыхъæуы»-ы лæггæдтæй спайда кодтой 24,4 мин бæлццоны. Уый тыххæй фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны уæлдæфон вагзалы пресс-службæ.
Пресс-службæйы минæвары ныхасмæ гæсгæ, 2025 азы уыцы æмгъуыдимæ абаргæйæ, бæлццæтты нымæц 30 проценты бæрц фæкъаддæр (уæд уыдысты 35 минæй фылдæр). Уый баст у, ацы азы райдайæны алы аххосæгтæм гæсгæ, уæлдæфон балцыты нымæц иуцасдæр кæй фæкъаддæр, уыимæ. Аэропорты минæвар æрхаста ахæм нымæцтæ дæр: 2024 азы ногазон каникулты рæстæг та уæлдæфон вагзалы лæггæдтæй спайда кодтой 31 мин адæймагæй фылдæр.
Уыимæ, ацы азы куысты нысантыл дзургæйæ, журналисттæн фехъусын кодтой ахæм пълантæ: 2026 азы дæргъы аэропорт хъуамæ балæггад кæна 731 мин уæлдæфон бæлццонæн.
Республикæйы цæрджытæ æмæ йæ уазджытæ раздæрау æхсызгонæй спайда кæнынц Мæскуымæ, Бетъырбухмæ, Стамбул æмæ египетаг Шарм Эль Шейхмæ балцытæй (иутæ сты иудадзыгон, иннæтæ – сæрдыгон-фæлладуадзæн рæстæг кусæг маршруттæ).
Уæвгæ, гæнæн ис æмæ Беслæнæй уæлдæфон балцыты фæткы фæзына ног маршуруттæ дæр. Зæгъæм, авиакомпани «Pegas Fly»-имæ ныртæккæ æмархайд цæуы Баку æмæ Ереванмæ маршруттæ байгом кæныныл. Уымæй уæлдай, куыст цæудзæн уæлдæфон бастдзинад æндæр горæттимæ саразыныл дæр.
Дмитрий АСТАХОВ














