Бæстон æмæ æргом ныхас – педагогон æхсæнады минæвæрттимæ

0
69

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады Администрацийы разамонæг Гобеты Ибрагимæн фембæлд уыд Цæгат Ирыстоны ахуырады къабазы минæвæрттимæ. Фембæлды архайджытæ æрдзырдтой рæзгæ фæлтæры ахуырад æмæ хъомылады ахсджиагдæр фарстатыл.

Ныхасы архайджытæ се ‘ргом раздæхтой сывæллæттимæ ахуырадон-хъомыладон, патриотон-рухстауæн куысты фæзилæнтæм, нырыккон фæсивæды раст зондахасты идейæтыл æфтауынмæ.

Гобеты Ибрагим йæ раныхасы куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй Уæрæсе абон бирæ тыхстдзинæдтæ æвзары, нæ бæстæйы ныхмæ архайæг тыхтæ сæ кæнон нæ уадзынц, алыхуызон санкцитæ æмæ æндæр гæрæнтæй æвзидынц. Ахæм уавæрты, Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг æмæ Хицауады Администрацийы разамонæджы хъуыдымæ гæсгæ, бæстæйы граждæнтæ ноджы æнгомдæр хъуамæ æрбалæууой кæрæдзийы фарсмæ, цæсты гагуыйау хъахъхъæной, фыдæлтæ нын цы удварнон хæзнатæ æмæ традицитæ ныууагътой, уыдон. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахсджиаг у, Интернет æмæ æндæр информацион фæрæзтæ цы хабæрттæ хъусын кæнынц, уыдоны ‘хсæн раст æмæ мæнг хъусынгæнинæгтæ рахатын æмæ сын æмбæлгæ аргъ скæнын дæр. Гобейы-фырты ныхасмæ гæсгæ, ахæм информацион загъдкъахæн «æрбабырстытæй» уæлдай хъахъхъæнинаг рæзгæ фæлтæр æмæ фæсивæд сты. Ахæм фæзындтытæй кæстæрты бахъахъхъæныны хъуыддаджы та уæлдай ахадындзинад ис ахуырадон организацитæн.

– Рæзгæ фæлтæримæ кусын, арф зонындзинæдтæ сын дæттын, Фыдыбæстæйы патриоттæ уæвыныл сæ ахуыр кæнын – уымæй арфæйагдæр ма цы уа! Уый тыххæй
ахуырады къабазы кусджытæн зæгъын стыр бузныг! Хъомылгæнджытæ æмæ
ахуыргæнджытæ не ‘хсæнады раздзог тых сты. Фыццаджы-фыццагдæр, сымах гуырын кæнут рæзгæ удты адæймаджы арфæйагдæр миниуджытæ, уæ зæрдæбын фæллойæ бирæ аразгæ у бæстæйы фæрныгдæр фидæн. Æмæ абон, ныгуылæйнаг бæс-
тæтæ нæ паддзахады ныхмæ карз мадзæлттæй куы архайынц, информацион æмæ психологон хæст куы расидтысты, уæд уæлдай ахсджиагдæр у уæ хъомыладон куыст сывæллæттимæ. Махæн нæ иумæйаг сæйрагдæр хæс у, цæмæй кæстæртæ рæзой Фыдыбæстæйы патриоттæй, зоной æмæ аргъ кæной Райгуырæн бæстæйы истори æмæ удварнон хæзнатæн, – бафиппайдта Гобеты Ибрагим.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æххуысгæнæг Вадим Лесь йæ раныхасы æмбырды архайджыты æргом аздæхта, ныхмæлæууæг паддзахæдты сæрмагонд службæтæ сывæллæттæ æмæ иннæ æнахъомты ‘хсæн цы знаггадхæссæг хъуыдытæ парахат кæнынц, уымæ. Ахæм уавæрты архайгæйæ, Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы æххуысгæнæджы хъуыдымæ гæсгæ, ахуыргæнджытæ æмæ иннæ хъомылгæнджытæ уæлдай къæрцхъус хъуамæ уой алкæцы сывæллонмæ дæр, кæстæр йæхи куыд дары æмæ куыд æнкъары, уымæ хъуамæ уа бæстон цæстдард. Иу ныхасæй, зæрдæхсайгæ уавæр кæм сæвзæра, уым хъæуы æмхъаруйæ архайын. Вадим Лесь æрхаста бæлвырд цæвиттонтæ, радта бæстон амынддзинæдтæ.

Фембæлды архайджытæ æрдзырдтой æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр.

 

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг
æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here