Уæрæсейы Культурæйы министрад радон хатт æхцайы æххуыс бакæндзæн Хуссар Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театрæн.
Уый тыххæй фехъусын кодта республикæйы Культурæйы министрады пресс-службæ.
Ведомствæйы минæвары ныхасмæ гæсгæ, УФ-йы Культурæйы министрады уынаффæйæ æнæкоммерцион иугонд «Русские сезоны» хуссар-
ирыстойнаг театрæн радих кæндзæн сæрмагонд грант. Театры аивадон ра-
замонæг Джелыты Хъазыбег куыд радзырдта, афтæмæй ацы аз ахæм гранты фæрцы сценæмæ рахæсдзысты уырыссаг драматургийы ноджыдæр ма иу уацмыс.
Министрады минæвар зæрдыл æрлæууын кодта, иугонд «Русские сезоны»-йы æххуысæй Къостайы номыл театр амæй размæ Александр Пушкин æмæ Антон Чеховы уацмысты бындурыл цалдæр спектаклы кæй сæвæрдта, уый.
(Информацион агентад «Спутник»)














