Ирон нейрохирург

0
82

Хъæдгæройнаг лæппу Уаниты Сослан кусы Мæскуыйы Склифосовскийы номыл тагъд æххуысы наукон-иртасæн институты нейрохирургæй. Фидарæй куыд нымайы, афтæмæй йæ куысты сæйрагдæр у, вазыгджын операцийы фæстæ рынчын цардмæ куы раздæхы, йæ дохтырмæ уый фæстæ æнæнизæй куы ‘рбацæуы, уый. Сосланы удуæлдай фыдæбон нырмæ сбæрæг кодтой Уæрæсейы Президенты Арфæйы фыстæджытæй, фæлæ уыдæттæ никæмæн радзырдта…

Уанийы-фырт куыд зæгъы, афтæмæй сæ бинонтæй дохтырæй ничи куыста, мад уыд ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг, фыд – шофыр. Ахуыргæнгæйæ, лæппу фылдæр уарзта хими, биологи, уымæ гæсгæ сфæнд кодта дохтыр суæвын. Медицинон академийы æртыккаг курсы куы уыд, уæд йæ зæрдæ ахсайдта нейрохирургимæ. Неврологи йæ æндæвта, фæлæ зыдта, æнæмæнгæй хирург кæй уыдзæн, уый.

Хирурджы дæсныйад домы зонды фидардзинад, тырнындзинад, уынаффæтæ хæссыны фæтк. Академийы фæстæ Сослан ординатурæ ахæццæ кодта Склифосовскийы номыл тагъд æххуысы наукон-иртасæн институты. Афтæмæй уым баззадис. Æппынæдзух æххуыс кæм бахъæуы, уыцы ран æй фæндыд кусын. Уым дохтыр рынчыны уавæрæн аргъ скæны, цы мадзæлттæй спайда кæндзæн, уыдонæн дæр у бæрнон. Уаниты
Сослан куыд зæгъы, афтæмæй йæ хъысмæты ницы баивид.

Нейрохирурджы ныхасмæ гæсгæ, дæргъвæтин сахæтты дæргъы цы операцитæ скæны, уыдон афтæ вазыгджын нæ вæййынц – ацы ран рæстæг бацахсы хиуæттимæ ныхас. Зын у, рынчын цардæй куы ахицæн вæййы, уый, уымæн æмæ уыцы зиан баззайы нейрохирурджы зæрдæйы. Фæхъуыды кæны, кæд ма, мыййаг, æндæр хуызы дæр уыд бакæнæн, фæлæ цасдæр рæстæджы фæстæ бамбары, алы хатт алцы дохтырæй  аразгæ кæй нæ вæййы…

Иуæй-иу рынчынтæ, сæ операцитæ баззайынц нейрохирурджы зонды. Иу нæлгоймаджы сæры магъз бавзæрста уæззау цæф. Ацы ран сæйрагдæр уыд
рæстæг: цас рæвдздæр февналай, уыйас – хуыздæр. Уæдæй рацыд æхсæз мæйы, æмæ Сосланмæ йæ рынчын консультацимæ æрбацыд йæхæдæг. Йæ цæф та уыд тынг вазыгджын æмæ тæссаг. Ахæм рæстæг Уанийы-фырт ахъуыды кæны, дзæгъæлы кæй нæ кусы, ууыл. Бирæ рæстæг чи бацахсы, ахæм операциты рæстæг нейрохирургæн йæ бон нæ вæййы йе ‘ргом рынчынæй аздахын, йæ тыхтæ, йæ зонындзинæдтæ, йæ арæхстдзинæдтæ æрбамбырд кæны. Кæд æмæ операци дзæбæх бантысы, уæд йæ фæллад фæцыдæр вæййы, æрмæст дыккаг бон æппæт уыдæттæ æртыхсынц. Фæскуыст Уаниты Сослан фæцæуы спортивон залмæ – цæмæй йæ хъару йæхимæ æрцæуа, уымæн бахъæуы физикон сæрæн архайд.

Куыддæр сæрмагонд æфсæддон операци райдыдта, æмæ медицинон
æххуыс бахъуыд, афтæ æрыгон нейрохирург барвæндонæй ацыд уырдæм. Зыдта: æвæстиат хирургийы йæ арæхстдзинад, фæлтæрд-дзинад  бахъæудзысты. Æртæ хатты ацыд сæрмагонд æфсæддон операцийы тæлммæ. Уым уавæртæ дæр æндæртæ сты, алцæмæн дæр бæрнон  æрмæстдæр йæхæдæг у. Хъуамæ цæфтæ дзæбæх кæныны фæндæттæ уайтагъд хæссай, гуырысхойæн рæстæг нæй.

Психологон æгъдауæй уый зын у, фæлæ алцæ-уыл дæр сахуыр уæвæн ис. Ахæм заман хъуамæ дæхи фæиуварс кæнай, кæм дæ, уырдыгæй, æмæ дын цы ‘мбæлы, уый æххæст кæнай. Ахæм фæлтæрддзинад бирæ цæуылдæрты сахуыр кодта Уаниты Сосланы: алы минутæн дæр аргъ кæнын, дæсныдзинады æууæлтæй пайда кæнын, уымæй уæлдай, цавæрфæнды уæззау операцийы дæр дæ зонд хъуамæ уа æргом…

Фæстæдæр Уанийы-фырт Арфæйы фыстæджытæ райста Уæрæсейы Президент Владимир Путинæй, Уæрæсейы Æнæниздзинады министр Михаил Мурашкойæ. Фæлæ сæ нæдæр зæгъгæ кодта, нæдæр æвдисгæ. Æрмæстдæр йæ бинонтæн…

Йæ фыдæбонæн ын ахæм бæрзонд аргъ кæй скодтой, уый йын æхсызгон уыд, фæлæ йын уæддæр сæйрагдæр у, рынчын фæсопераци куы фæрæвдз вæййы, уый. Уаниты Сосланæн йæ хæдзар у Цæгат Ирыстон, Хъæдгæроны хъæу. Уым цæрынц йæ бинонтæ, йæ хиуæттæ, афæдзмæ дыууæ-æртæ хатты æрцæуы уырдæм. Йæ алы æрцыд дæр свæййы ахсджиаг, цинæйдзаг цау, æнæмæнг æрæвæрынц ирон фынг, æртæ кæрдзыны. Фынджы уæлхъус хиуæттимæ дæргъвæтин ныхас рауайы,
хæстæджыты дæр бабæрæг кæны, уæдæ куыд! Алчидæр ыл æхсызгонæй сæмбæлы, бацин ыл кæны.

Сослан ирон бинонты ‘хсæн кæй схъомыл, уый зыны йæ куыстыл дæр.
Мæскуыйы бæрнон æрмæст йæхиуыл нæу, фæлæ æппæт республикæйыл дæр. Цы дæ фæхудинаг кæнид, уый нæ бакæндзынæ – ахæм фæтк йæ уды бавæрдта нейрохирург.
Куысты мидæг йæ сæйраг нысан у знаггад макæмæн æрхæссын, æмæ уый æрмæст
куыстимæ баст нæу – царды дæр хуымæтæг хъуыддæгтæ нæ фехалдзæн. Нæй искæй ауæй кæнæн, нæй сайæн, фыццаджыдæр, дæхи. Дæхиимæ рæстаг куы уай, уæд де ‘ппæт хъуыддæгтæн дæр дзуапдæттæг дæ.

Æрыгон дохтыртæн Уаниты Сослан амоны: уæхи фæлварынæй ма тæрсут, цæут операцитæм, фæрсут, æппынæдзух ахуыр кæнут.  Фæлæ цæуын хъæуы цæттæйæ – раздæр уал фарста зонындзинæдтæм гæсгæ равзарут, бамбарут, цы уæм æнхъæлмæ кæсы, уый. Уæндондзинадæн хъуамæ уа бындур…

Ольгæ Андронова

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here