Нысанмæарæзт паддзахадон программæтыл 2025 азы бæстондæр чи бакуыста, уыцы раззагдæр уæрæсейаг регионты ‘хсæн ис Цæгат Ирыстон дæр. Ахæм хатдзæгтæ фехъусын кодтой Регионалон райрæзты фарстаты фæдыл федералон къамисы радон æмбырды.
Уæрæсейы Хицауады Сæрдары хæдивæг Марат Хуснуллины разамындæй къамисы уæнгтæ бахыгътой, паддзахадон программæты уагæвæрдтыл регионтæ куыд бакуыстой, арæзтадон æмæ экономикæйы иннæ къабæзтæ дарддæры райрæзты пълантыл куыд архайдтой, уый.
Æмбырды архайджыты хатдзæгтæм гæсгæ, арæзтадон къабазы компанитæ æмæ ведомствæтæ ивгъуыд аз хорз бакуыстой. Кæд алы къуыхцытæ æвзæрд, уæддæр лыггæнинаг фарстатæ афойнадыл иуварсгонд цыдысты, цæмæй пъланон нысантæ къухы бафтой.
Фембæлды архайджытæ сæрмагонд æргом аздæхтой, транспортон-логистикон æмæ фæндаггон инфраструктурæйы дарддæры нывыладæн ахъаз чи у, уыцы паддзахадон программæтæ æмæ проекттæ æххæст кæнынмæ.
Федералон Хицауады уæнгты ныхасмæ гæсгæ, уыцы программæтæ æмæ проекттыл хуыздæр бакуыстой Нижний Новгород æмæ Рязаны облæсттæ, Забайкальейы край, Та-
тарстан, Буряти, Якути æмæ Цæгат Ирыстон.
Арæзтад æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Ирек Файзуллин куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй национ проект «Инфраструктурæ цардæн»-ы уагæвæрды бындурыл уæрæсейаг регионты фæлгонцгонд æрцыдысты 5,5 минæй фылдæр фæлладуадзæн æмæ æндæр ахæм æхсæнадон тæлмытæ, бакуыстæуыд адæмы кæлæддзаг хæдзæрттæй ног цæрæнуæттæм ивын æмæ æндæр ахæм пълантыл. Министры ныхасмæ гæсгæ, уыцы архайд адарддæр уыдзæн 2026 азы дæр.
СЛАНТЫ Аслан














