Программæйыл ныхас рауад

0
56

Сывæллæтты фæлладуагъд æмæ дзæбæхкæнынады инфраструк-
турæ нывыл кæныны федералон программæйы радон хайыл ныхас кæм цыд, Цæгат Ирыстонæй сенатор Виталий Назаренко архайдта Федерацийы Советы ахæм æмбырды.

Программæ куыд æххæст кæнынц, уымæ цæст дары Федерацийы Советы Сæрдар Валентина Матвиенко. Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм: афæдзы цыфæнды афон цæрæн кæм ис, æндæраз амынд программæйы дыккаг  хаймæ гæсгæ, Дзæуджыхъæуы æнахъомты социалон реабилитацийы центр «Доброе сердце»-йы территорийыл байгом кодтой ахæм бындурон модулон цæрæн бæстыхай (ам цæрыны фадат ис æнæниздзинады цыбыргонд гæнæнтимæ сывæллæттæн дæр).

Амынд проекты фæрцы фарон республикон социалон-реабилитацион центр «Горный воздух»-ы хæринаггæнæн æмæ медицинон хайæдтæ бындуронæй цалцæггонд æрцыдысты. Афæдзы цыфæнды афон цæрæн кæм уыдзæн, ацы аз «Горный воздух»-ы аразын райдайдзысты дыууæ ахæм модулон бæстыхайы.

– Федералон проекты архайæг регионтæй сенатортæ арæзтадон куыс-
тытæм цæст дарынц æмæ аразджытæн æххуыс кæнынц. Программæ Цæгат Ирыстоны территорийыл цæмæй афоныл æмæ æнæкъуылымпыйæ æххæстгонд æрцæуа, æз дæр мæ бартæм гæсгæ ууыл архайын, – зæгъы Виталий Назаренко.

Сывæллæтты фæлладуагъды инфраструктурæ нывылкæнынады программæмæ гæсгæ, ацы аз Уæрæсейы субъектты саразынмæ хъавынц 82 цæрæн бæстыхайы, 28 объекты та бындуронæй сцалцæг кæндзысты.

Æлборты Зæлинæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here