Студенттæ – дунеон равдысты

0
63

Хуссар Ирыстонæй рацæуæг фæсивæд, мæскуыйаг уæлдæр ахуыргæнæндæтты студенттæ, сæ Республикæйы базарады минæварады делегациимæ архайдтой «ПродЭкспо»-йы хойраджы, нуазинæгты дунеон равдысты. Хуссарирыстойнаг дыууæ стенды цур алы бон дæр ныхас цыд  æмгуыстады фæдыл, уыимæ, студенттæ дзырдтой, амыдтой Хуссар Ирыстоны хойраг, нуазинæгтæ.

Хуссар Ирыстоны базарадон минæвар Уæрæсейы Гогинаты Таймураз куыд зæгъы, афтæмæй раздæр сæхæдæг аныхас кодтой студенттимæ, рæгъмæ рахастой, «ПродЭкспо»-йы фæзты бакусыны фæндтæ. «Дзырдтам, экономикон æмæ дипломатон уæлдæр ахуыргæнæндæтты чи ахуыр кæны, уыдонимæ. Ацы равдыст егъау экономикон цау кæй у, уый бамбарын кодтам. Ахæм архайд сын пайда уыдзæн, практикæ райсдзысты. Хи продукци размæ хæссæн куыд ис, йæ хуыздæр миниуджыты тыххæй радзурын, йæ бафтаугæ аргъ куыд арæзт цæуы, уыдæттæ ам фенын – цы ма уа хуыздæр. Мæхæдæг дæр фæдæн Уæрæсейы Президенты цур Финансон университет æмæ зонын, ахуыры фæстæ æнæмæнг практикон арæхстдзинæдтæ хъæуынц», – загъта Гогинайы-фырт.

Хуссар Ирыстоны продукци размæ чи хæсдзæн, иннæты рæнхъыты  йæ чи æвæрдзæн, уыдоны ‘хсæн ацы фæсивæд кæй фæзындзысты, ууыл Гогинаты Таймураз æууæнды. Студентты ‘хсæн уыдысты Санахъоты Георги,
Гогинаты Алыксандр
. Уыдон сæхи бафæлвæрдтой æндæр дæсныйæдты дæр. Зæгъæм, Георги уыд равдысты менеджер. Фæзынд ын зонгæтæ, бастдзинæдтæ. Æндæр бæстæты, регионты дилертæ, æлхæнджытимæ, продукци уæйгæнджытимæ ныхас ын уыд пайда.

Санахъоты Георги куыд зæгъы, афтæмæй иннæ стендтæ дæр бабæрæг кодта, фæлæ Хуссар Ирыстоны продукци бæрæг дардта йæ хæрзхъæддзинадæй. «Æрмæст традицитæ нæ хъахъхъæнæм, фæлæ сæ ахсджиаг, нырыккон технологон уынаффæтимæ бæттæм», – зæгъы студент-менеджер. Гогинаты Алыксандр сæрыстыр у, йæ уарзон республикæ æвæджиау хæрзхъæд продукттæ кæй уадзы, уымæй.

(«Хуссар Ирыстоны фидиуæг»)

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here